Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 7

7
1Дунедарӕг Нойӕн загъта: «Бахиз наумӕ дӕ бинонтимӕ. Ныры дуджы адӕмӕй Мӕ цӕсты иунӕг ды дӕ рӕстӕвзар. 2Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕйнӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та — фӕйнӕ иу къайы. 3Уӕларвон мӕргътӕй дӕр райс фӕйнӕ авд къайы. Уадз ӕмӕ зӕххыл баззайа сӕ мыггаг. 4Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».
5Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
6Зӕххыл доныхъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы. 7Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта науы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ. 8Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ, ноджы ма мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ 9Нойы наумӕ бахызтысты къӕйттӕ, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
10Авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доныхъаймӕт. 11Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ, 12ӕмӕ зӕхмӕ калди тыгъдызӕй — дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
13Тӕккӕ уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, йӕ фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафет, стӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ. 14Семӕ бакодтой сырд ӕмӕ фосы алы мыггагӕй, хилӕгой ӕмӕ маргъы алы мыггагӕй. 15Цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты Ноймӕ ӕмӕ къайгай бахызтысты наумӕ. 16Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Дунедарӕг дуар сӕхгӕдта Нойы фӕдыл.
17Зӕххыл доныхъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сбирӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа нау. 18Дон ӕфсӕрста ӕмӕ тынг сбирӕ ис зӕххыл, ӕмӕ нау цыди доныл. 19Дон афтӕ тынг сабузта, ӕмӕ, арвы бын бӕрзонд хохӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон доны бын фесты: 20фынддӕс ӕлмӕрины фӕуӕлдӕр ис дон ӕппӕты бӕрзонддӕр хӕхтӕй.
21Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр. 22Зӕххы цъарыл царды комулӕфт кӕй мидӕг уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр бабын сты. 23Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон. 24Ныр дон та зӕххы сӕрмӕ абузта дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti