Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 6

6
1Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ. 2Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди. 3Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы». 4Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.
5Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый, 6ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ, 7ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».
8Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.
9-10Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй. 11Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг ис, фыдракӕндӕй байдзаг ис. 12Хуыцау ӕркасти зӕхмӕ ӕмӕ федта, зӕхх куыд сӕнӕуаг ис, уый: алы цӕрӕг уд дӕр галиу фӕндагыл ныллӕууыд.
13Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ. 14Ды та дӕхицӕн гофер бӕласы хъӕдӕй нау сараз, скӕн дзы хатӕнтӕ, стӕй йӕ ӕдде ӕмӕ мидӕгӕй писийӕ байсӕрд. 15Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ уӕд ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 16Сараз ын сӕр ӕмӕ йӕ иу ӕлмӕрины бӕрц уӕлӕмӕ сис, наумӕ рухс куыд цӕуа, афтӕ. Науы уӕд ӕртӕ уӕладзыджы, йӕ иу фарсыл — дуар. 17Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр. 18Фӕлӕ демӕ сараздзынӕн фидыд. Ды бахиздзынӕ наумӕ — дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ чындзытимӕ. 19Зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр наумӕ бакӕн къӕйттӕ, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, цӕмӕй уыдон дӕр демӕ фервӕзой. 20Алы мӕргъты мыггагӕй ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойты мыггагӕй, стырӕй, чысылӕй, демӕ наумӕ бацӕуӕнт къӕйттӕ, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй. 21Ноджы ма демӕ райс алы хойраг — дӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр».
22Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti