Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 50

50
1Йосеф ныддӕлгом ис йӕ фыдыл ӕмӕ йын, цӕссыг згъалгӕйӕ, фӕбатӕ кодта. 2Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ. 3Дыууиссӕдз боны дӕргъы йыл архайдтой — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.
4Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Йосеф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут: 5„Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“». 6Фараон ын бар радта: «Ацу ӕмӕ бавӕр дӕ фыды, ард дын куыд бахӕрын кодта, афтӕ».
7Йосеф араст ис йӕ фыды мард бавӕрынмӕ. Йемӕ рацыдысты фараоны фӕсдзӕуинтӕ, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Мысыры кадджын хистӕртӕ, 8стӕй Йосефы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос. 9Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.
10Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны. 11Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысырӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим#50:11 Ома «мысырӕгты кӕуын»., ис Иорданы фале.
12Йаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст, 13ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта. 14Йосеф йӕ фыды куы бавӕрдта, уӕд йе ’фсымӕртимӕ ӕмӕ, йӕ фыды зианы фӕдыл чидӕриддӕр рацыди, уыдонимӕ ӕрбаздӕхти Мысырмӕ.
15Йаковы мӕлӕты фӕстӕ Йосефы ӕфсымӕртӕ ныссагъӕс кодтой: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нӕм Йосеф хӕрам у, цы фыд ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн». 16Ӕмӕ Йосефмӕ барвыстой: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ ныффӕдзӕхста, 17Йосефӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Йосеф куыдта.
18Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ». 19Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн. 20Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй. 21Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.
22Афтӕ Йосеф йӕ фыды ӕппӕт мыггагимӕ ӕрцарди Мысыры. Фӕцарди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы. 23Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты. 24Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм». 25Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».
26Йосеф амарди, дӕс ӕмӕ йыл фондзыссӕдз азы куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti