Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 5

5
1Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ.
Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, 2сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Раарфӕ сын кодта ӕмӕ сӕ се сфӕлдисӕн бон рахуыдта «адӕймӕгтӕ».
3Адамыл дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Шет. Шет уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта. 4Шеты райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 5Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.
6Шетыл сӕдӕ фондз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Енош. 7Еношы райгуырды фӕстӕ ма Шет фӕцард астсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8Ӕдӕппӕтӕй та Шет фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы.
9Еношыл дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Кеинан. 10Кеинаны райгуырды фӕстӕ ма Енош фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11Ӕдӕппӕтӕй та Енош фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы.
12Кеинаныл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Махалаел. 13Махалаелы райгуырды фӕстӕ ма Кеинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14Ӕдӕппӕтӕй та Кеинан фӕцарди фарастсӕдӕ дӕс азы.
15Махалаелыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Йаред. 16Йареды райгуырды фӕстӕ ма Махалаел фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17Ӕдӕппӕтӕй та Махалаел фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы.
18Йаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Енох. 19Енохы райгуырды фӕстӕ ма Йаред фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20Ӕдӕппӕтӕй та Йаред фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы.
21Енохыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Мефушал. 22Мефушалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. 24Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.
25Мефушалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Ламех. 26Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мефушал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27Ӕдӕппӕтӕй та Мефушал фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы.
28Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, 29ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй». 30Нойы райгуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31Ӕдӕппӕтӕй та Ламех фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы.
32Нойыл фондзсӕдӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti