Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 49

49
1Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.
2Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Йаковы фырттӕ,
ӕрбайхъусут уӕ фыд Израилмӕ.
3Рувим, ды мӕ хистӕр зӕнӕг, мӕ тых дӕ,
мӕ нӕлгоймаджы хъаруйы фыццаг ӕнтыст ды дӕ,
дӕ кад, дӕ хъомысӕн ӕмбал нӕй.
4Ивылд донау абухыс ды,
ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу:
дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ,
фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.
5Симеон ӕмӕ Левий — ӕфсымӕртӕ:
сӕ кӕрдтӕ — тыхмийы хӕцӕнгӕрзтӕ.
6Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон,
се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, —
куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц,
сӕ хъалӕй уыдон галтӕн
сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!
7Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ уыраугӕ маст,
ӕлгъыст фӕуӕд сӕ хъӕхъхъаг уаг!
Ӕз сӕ Йаковы фыртты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн,
ӕз сӕ Израилы фыртты ’хсӕн байтаудзынӕн!
8Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ!
Йӕ бӕрзӕйӕ ӕрцахсдзынӕ фыдгулы;
ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ.
9Иудӕ — домбайы лӕппын;
дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт.
Уый йӕхи ӕруадзы домбайау,
мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы —
чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?
10Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн,
йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн,
цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа,
ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
11Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис,
талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы.
Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны,
сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.
12Йӕ цӕстытӕ уымӕн сты сау сӕнӕй саудӕр,
йӕ дӕндӕгтӕ уымӕн ӕхсырӕй сты урсдӕр.
13Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ,
ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн.
Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.
14Иссахар — фидарстӕг хӕрӕг,
хуыссы йӕ хордзенты астӕу.
15Уый федта, йӕ улӕфӕн бынат куыд хорз у,
бӕллиццаг кӕй у уыцы зӕхх,
ӕмӕ йе уӕхск бадардта уаргъмӕ —
цагъары куыстыл сразы ис.
16Дан, тӕрхоны лӕг дӕ адӕмӕн уыдзынӕ —
Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуӕн.
17Хилӕгау уыдзӕни Дан фӕндагыл,
калмау уыдзӕни уый развӕдыл:
бӕхы счъилыл куы фӕхӕцы,
уӕд барӕг асхъиуы фӕстӕрдӕм.
18Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
19Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни,
фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн.
20Асиры бӕркадӕн ныккӕнӕн нӕ уыдзӕни,
аккаг хӕлц паддзахӕн хӕсдзӕни.
21Неффалим — сӕрибар хъуаз,
рӕсугъд сты йӕ лӕппынтӕ.
22Йосеф — зад сӕнӕфсиры тала,
зад сӕнӕфсиры тала суадоны сӕрмӕ.
Йӕ къабузтӕ сисыл хилынц.
23Маст ын кодтой ӕмӕ йӕ фатӕй ӕхстой,
тох амадтой йемӕ ӕрдынджынтӕ.
24Фӕлӕ йӕ фат ӕмӕ йе ’рдын ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фесты,
йӕ цонджы хъаруйыл ын бафтыдта
Йаковы Хъомысджын Хуыцау.
Уый фӕрцы сдӕ Израилӕн йӕ фыййау,
йӕ ныфсы мӕсыг ды.
25Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл,
Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд:
уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй,
дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой,
дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.
26Дӕ фыды арфӕтӕ рагон хӕхтӕй — бӕрзонддӕр,
ӕнусон къуылдымтӕй — уӕлдӕр!
Ӕппӕтӕй дӕр схайджын уӕд Йосеф, —
ӕфсымӕрты ’хсӕн уый куы у ӕвзӕрст.
27Бениамин — тугдзых бирӕгъ,
уый райсомӕй йӕ тӕлӕттаг хӕры,
изӕры та йӕ амӕттаджы скъуыны».
28Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.
29Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым. 30Лӕгӕт ис Ханааны зӕххыл, Мамрейы цур, кӕддӕр Авраам зиан ӕвӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы Махпелайы быдыры. 31Уым бавӕрдтой Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы, уым бавӕрдтой Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр, ӕз та дзы бавӕрдтон Леайы. 32Уыцы быдыр ӕд лӕгӕт хеттӕгтӕй ӕлхӕд у». 33Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti