Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 48

48
1Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ. 2Йаковӕн загътой, йӕ фырт Йосеф ӕм кӕй ӕрбацыди, уый. Израил йӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодта ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт. 3Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта. 4Загъта мын: „Ӕз дӕ сбирӕ кӕндзынӕн — тынг бирӕ суыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгтӕн ацы зӕхх ратдзынӕн мыггагмӕйы исбонӕн“. 5Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад. 6Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та нымад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ сӕ бынтӕ уыдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххы хайыл. 7Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.
8Израил Йосефы фыртты куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Адон дын чи сты?» 9Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон». 10Израил базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Йосеф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта. 11Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта». 12Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.
13Уый фӕстӕ Йосеф Ефремы ӕрлӕууын кодта йӕ рахизфарс — Израилӕн йӕ галиу къухы акомкоммӕ, Менассиайы та йӕ галиуфарс — Израилӕн йӕ рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ та йӕм сӕ бакодта. 14Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы — кӕстӕры — сӕрыл, йӕ галиу къух та Менассиайы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр. 15Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта:
«Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак
коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты,
мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын
Фыййау цы Хуыцау у —
16алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд —
ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ!
Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном,
мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном!
Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»
17Йосеф ӕй Ефремы сӕрыл йӕ рахиз къух ӕрӕвӕргӕ куы федта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фыды къухмӕ бавнӕлдта, Ефремы сӕрӕй йӕ хъавыди Менассиайы сӕрмӕ айсын. 18Йосеф ын загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Мӕнӕ уый у хистӕр зӕнӕг. Уый сӕрыл ӕрӕвӕр дӕ рахиз къух». 19Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».
20Гъе афтӕмӕй сын уыцы бон Йаков раарфӕ кодта, ӕмӕ Йосефӕн загъта:
«Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн,
дӕ ном аргӕйӕ, арфӕтӕ кӕндзысты.
Зӕгъдзысты-иу:
„Хуыцауы арфӕ сӕмбӕлӕд
Ефрем ӕмӕ Менассиайау дӕуыл дӕр!“»
Афтӕмӕй Ефремы фӕуӕлдӕр кодта Менассиайӕ.
21Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн. 22Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti