Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 47

47
1Йосеф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл». 2Йосеф йе ’фсымӕртӕй фондзы бакодта фараоны размӕ. 3Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм». 4Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой». 5Фараон Йосефӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕм ӕрцыдысты; 6Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».
7Уӕд Йосеф фараоны размӕ бахуыдта йӕ фыд Йаковы дӕр, ӕмӕ Йаков фараонӕн раарфӕ кодта. 8Фараон Йаковы бафарста: «Ныр дыл цал азы цӕуы?» 9Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст». 10Йаков та ногӕй раарфӕ кодта фараонӕн ӕмӕ йӕ цурӕй рацыд.
11Йосеф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамсесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ. 12Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.
13Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй. 14Мысыр ӕмӕ Ханааны цӕрджытӕн хор уӕй кӕнгӕйӕ, Йосеф ӕрбамбырд кодта, цыдӕриддӕр сӕм ӕвзист уыди, уый, ӕмӕ йӕ фараоны хӕзнадонмӕ бахаста. 15Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баззад!» 16Йосеф сын афтӕ: «Кӕд уӕм ӕвзист нал ис, уӕд уын уӕ фосы сӕрмӕ ратдзынӕн хойраг». 17Уыйадыл Йосефмӕ ӕрбатардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.
18Аивгъуыдта уыцы аз, ӕмӕ та иннӕ аз дӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Цы йӕ сусӕг кӕнӕм не ’лдарӕй, не ’взист дӕр нал ис, нӕ фос дӕр дӕу баци. Ницыуал нӕм баззади, цы дын раттӕм, ахӕмӕй, нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕй дарддӕр. 19Ау, дӕ цӕсты раз хъуамӕ бабын уӕм, ӕмӕ нӕ зӕххытӕ ӕдзӕрӕг фӕуой? Фӕлтау нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр хойраджы сӕрмӕ айс, ӕмӕ ӕд зӕххытӕ суыдзыстӕм фараоны цагъартӕ. Ратт нын тауинаг, цӕмӕй удӕгасӕй аирвӕзӕм, науӕд быныскъуыд кӕнӕм, ӕмӕ заууатмӕ ӕрцӕудзӕни зӕхх дӕр».
20Афтӕмӕй Йосеф фараонӕн балхӕдта ӕппӕт Мысыры зӕххытӕ. Мысырӕгтӕ сыдӕй мӕлынмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд ауӕй кодтой сӕ хуымтӕ, ӕмӕ зӕхх баци фараоны исбон. 21Мысыры адӕмы та — бӕстӕйӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — Йосеф скодта фараоны цагъартӕ. 22Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕ нӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕн хай уыди фараоны бӕркадӕй. Уымӕй цардысты ӕмӕ нӕ ауӕй кодтой сӕ зӕххытӕ.
23Йосеф Мысыры адӕмӕн загъта: «Гъеныр уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр балхӕдтон фараонӕн. Мӕнӕ уын хор тауинагӕн. 24Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн». 25Уыдон загътой: «Ды нӕ фервӕзын кодтай! Хорздзинад нын дӕ цӕст бауарзта, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ уыдзыстӕм фараоны цагъартӕ». 26Йосеф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фараонмӕ.
27Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты. 28Йаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы. 29Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард, 30фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн». 31Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti