Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 46

46
1Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. 2Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 3Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм. 4Мысырмӕ дӕр Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ, фӕстӕмӕ дӕр дӕ Мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн уырдыгӕй. Йосеф дын йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ». 5Ӕмӕ Йаков рацыди Беер-Шевӕйӕ. Фараон кӕй сӕрвыста, уыцы уӕрдӕтты Израилы фырттӕ аластой сӕ фыд Йаковы, сӕ сабитӕ ӕмӕ сӕ устыты. 6Ханааны сӕм цы фос ӕмӕ цы мулк ӕрӕмбырд, уыимӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаг ӕрцыдысты Мысырмӕ. 7Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.
8Мӕнӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон — Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ: Рувим, йӕ зӕнӕджы хистӕр.
9Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми. 10Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — йӕ ханаанаг усы лӕппу. 11Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари. 12Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул. 13Иссахары фырттӕ: Тола, Пувва, Иов, Шимрон. 14-15Зевулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел.
Йаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ.
Адон сты Леайы цот, Йаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.
16Гады фырттӕ: Цифион, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди, Арели. 17Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бриа; сӕ хо — Серах. Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел. 18Адон сты, Лаван йӕ чызг Леайӕн кӕй радта, уыцы унӕут Зилпайы цот, уый Йаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — ӕхсӕрдӕс.
19Йаковы ус Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин. 20Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон. 21Бениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Нааман, Ехи, Рош, Муппим, Хуппим, Ард. 22Адон сты Рахел ӕмӕ Йаковы цоты цот. Ӕдӕппӕтӕй — цыппӕрдӕс.
23Даны фырт Хушим. 24Неффалимы фырттӕ: Йахцеел, Гуни, Йецер, Шиллем. 25Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахелӕн кӕй радта, уыцы унӕут Билхайы цот, уый Йаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — авд.
26Йаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕ, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы. 27Йосефы фырттӕ та, Мысыры йын чи райгуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Йаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
28Йаков Йосефмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Йаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ ис, 29уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта. 30Израил Йосефӕн загъта: «Сӕрӕгасӕй ма дӕ кӕм федтон, уым ныр разы дӕн амӕлыныл дӕр».
31Йосеф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн загъта: «Цӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕнон: „Ханааны зӕххӕй мӕм ӕрцыдысты ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды ӕппӕт хӕдзаронтӕ. 32Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр“. 33Фараон уӕм куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыстгӕнӕг стут, зӕгъгӕ, 34уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti