Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 45

45
1Йосеф ма тыххӕй йӕхи урӕдта, йӕ цуры чи уыди, уыдоны раз ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ацӕут уе ’ппӕт дӕр!» Йосефы раз ничиуал аззадис, йӕхи йе ’фсымӕртӕн куы ӕргом кодта, уӕд, 2фӕлӕ афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ мысырӕгтӕ дӕр фехъуыстой. Суанг фараоны галуанмӕ дӕр байхъуысти уыцы хабар.
3Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын. 4Йосеф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Йосеф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый. 5Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй. 6Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты. 7Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕмӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат. 8Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.
9Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут, дӕ фырт Йосеф дӕм ӕрвиты: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы. Рацу мӕм ӕвӕстиатӕй. 10Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. 11Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.
12Ныр уӕхи цӕстӕй уынут, сымах дӕр ӕмӕ ды дӕр, ме ’фсымӕр Бениамин, уемӕ Йосеф кӕй ныхас кӕны, уый! 13Мӕ фыдӕн фехъусын кӕнут, Мысыры мын цы стыр кад ис, уый. Цыдӕриддӕр федтат, уый йын рафӕзмут ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ардӕм ӕркӕнут».
14Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йосеф йе ’фсымӕр Бениамины ӕфцӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Йосефыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Бениамин дӕр. 15Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.
16Фараоны галуанмӕ байхъуысти, зӕгъгӕ, ӕрцыдысты Йосефы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыцы хабар фараонӕн ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн дӕр ӕхсызгон уыди. 17Фараон Йосефӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн афтӕ бафӕдзӕхс мӕ номӕй: „Уӕ хӕрджытыл уӕргътӕ сӕвӕрут, фӕцӕут Ханааны зӕхмӕ 18ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕдзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ уӕхи ӕфсаддзыстут йӕ бӕркадӕй“. 19Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут. 20Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».
21Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Йосеф сын фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр. 22Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Бениаминӕн та — ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ шекелы ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс. 23Йӕ фыдӕн Йосеф дӕс нӕл хӕрӕгыл арвыста Мысыры хуыздӕр хӕзнатӕй, дӕс сыл хӕрӕгыл та — хор ӕмӕ фӕндаггаг. 24Йе ’фсымӕртӕ куы цыдысты, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Фӕндагыл-иу быцӕу ма кӕнут».
25Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ рараст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыдмӕ, Йаковмӕ. 26Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди. 27Фӕлӕ Йосефы ныхӕстӕ сӕ фыд Йаковӕн куы рафӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тыххӕй Йосеф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ис. 28Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Йосеф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фенон мӕ мӕлӕты размӕ».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti