Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 43

43
1Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл. 2Ӕфсымӕртӕ Мысырӕй цы хор сластой, уый куы фӕци, уӕд та сын сӕ фыд загъта: «Ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг». 3Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ. 4Не ’фсымӕры нын немӕ куы рауадзай, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын балхӕндзыстӕм хойраг, 5куынӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ». 6Израил сын афтӕ: «Ахӕм хъизӕмар мын цӕй тыххӕй ӕвзарын кӕнут? Цӕмӕн схъӕр кодтат уыцы лӕгӕн, ӕфсымӕр ма уын ис, уый?» 7Загътой йын: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕрстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»
8Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы ӕмӕ ацӕуӕм. Уӕд удӕгасӕй баззайдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. Науӕд нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕй. 9Ай тыххӕй дзуапдӕттӕг ӕз уыдзынӕн, ӕмӕ-иу ӕй мӕнӕй бацагур. Фӕстӕмӕ дын ӕй ам куы нӕ ’рбалӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы. 10Фӕстиат куынӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй». 11Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал. 12Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади. 13Бениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ. 14Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»
15Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Бениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Йосефы раз ӕрлӕууыдысты. 16Йосеф сын семӕ Бениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзар кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн, стӕй фосӕй исты аргӕвд ӕмӕ фынг ацӕттӕ кӕн — сихорыл мемӕ иу фынгыл баддзысты». 17Уыйадыл сӕ уый Йосефы хӕдзармӕ акодта.
18Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты». 19Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты: 20«Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыдыстӕм ам хойраг балхӕнынмӕ 21ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам. 22Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕнынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм». 23Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта 24ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг. 25Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Йосефы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕттӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.
26Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты. 27Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?» 28Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы. 29Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!» 30Йосефӕн йе ’фсымӕры уындӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг, йӕ цӕссыг ма тыххӕй баурӕдта. Рӕбинаг уатмӕ бацыди ӕмӕ уым фӕкуыдта. 31Уый фӕстӕ йӕ цӕсгом цӕхсадта, рацыд ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ бафӕдзӕхста, фынг ӕрӕвӕрут, зӕгъгӕ. 32Йосефӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр хицӕнӕй, йемӕ минасгӕнӕг мысырӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысырӕгтӕм дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын ӕлгъагыл нымад у. 33Ӕфсымӕрты Йосефы бакомкоммӕ куыд хистӕрӕй кӕй сбадын кодтой, уый сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕрсӕджы каст кодтой. 34Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti