Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 42

42
1Йаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, уый ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут? 2Мысыры хор ис, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзыстӕм». 3Ӕмӕ Йосефы дӕс ӕфсымӕры хор ӕлхӕнынмӕ араст сты Мысырмӕ. 4Ӕрмӕст сын Йаков Йосефы ӕфсымӕр Бениамины, исты йыл куы ӕрцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.
5Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр. 6Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл. 7Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ». 8Афтӕмӕй Йосеф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. 9Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут». 10Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрбацыдысты. 11Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, ӕууӕнкджын адӕм стӕм. Дӕ цагъартӕ никуы уыдысты сгарджытӕ». 12Фӕлӕ та сын уый афтӕ: «Нӕ, сымах нын нӕ бацӕуӕнтӕ басгарынмӕ фӕзындыстут». 13Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис». 14Йосеф сын ногӕй: «Куыд ӕнхъӕлдтон, хъуыддаг афтӕ у: сымах, бӕлвырд, сгарджытӕ стут. 15Фӕлӕ уӕ мах бафӕлвардзыстӕм. Фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ. 16Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, иннӕтӕ та уӕдмӕ ахӕстоны абадӕнт. Афтӕмӕй раргом уыдзӕн, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куынӕ разыной, уӕд, фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут». 17Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны дӕргъы ахӕсты фӕдардта.
18Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд. 19Кӕд ӕууӕнкджын адӕм стут, уӕд уал уӕ иу ам, ахӕстоны, лӕууӕд, иннӕтӕ хор аласӕнт се ’ххормаг бинонтӕн. 20Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут».
Ӕфсымӕртӕ сразы сты. 21Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм». 22Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр». 23Йосеф сӕм хъусы, уый нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕн тӕлмацгӕнӕг уыд. 24Иуварс рацыд Йосеф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта. 25Уый фӕстӕ Йосеф бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, алкӕмӕн дӕр йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой, фӕндаггагӕй дӕр сӕ сифтонг кӕной. Ӕмӕ сын афтӕ бакодтой.
26Ӕфсымӕртӕ сӕ хор хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ рараст сты уырдыгӕй. 27Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид. 28Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Ӕфсымӕртӕ хорзау нал фесты ӕмӕ, сӕхимидӕг баризгӕйӕ, дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»
29Ӕфсымӕртӕ схӕццӕ сты сӕ фыд Йаковмӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ӕрцыди, уыдӕттӕ йын рафӕзмыдтой: 30«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ, 31фӕлӕ йын загътам: „Мах ӕууӕнкджын адӕм стӕм, сгарджытӕ никуы уыдыстӕм. 32Дыууадӕс ӕфсымӕрӕй стӕм иу фыды фырттӕ. Нӕ иу ӕфсымӕр нал ис, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззади Ханааны зӕххыл“. 33Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Ӕууӕнкджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныууадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут. 34Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр“».
35Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр. 36Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!» 37Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Бениамины дӕм фӕстӕмӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн». 38Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti