Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 41

41
1Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иуахӕмы фараон федта фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон, 2ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, рӕсугъд ӕмӕ нард стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн. 3Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы, фыдуынд ӕмӕ мӕллӕджытӕ, ӕмӕ доны былгӕрон фыццӕгты цур ӕрлӕууыдысты. 4Фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ нард хъуццыты. Уыйадыл фараон фехъал ис.
5Ногӕй бафынӕй ӕмӕ та федта фын. Цыма иу зӕнгыл ӕрзади авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ. 6Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скастис ӕндӕр авд ӕфсиры, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕмтӕ, 7ӕмӕ аныхъуырдтой тыппырнӕмыг дзаг ӕфсирты. Фараон та райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй федта, уый.
8Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын. 9Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. 10Иу хатт фараон йӕ цагъартӕм смӕсты ис ӕмӕ мӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕгимӕ, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыдис, уым бакодта. 11Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг. 12Уым нын иу дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хицауы цагъар, лӕггад кодта. Мах ын нӕ фынтӕ радзырдтам, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта, алкӕмӕн дӕр нӕ загъта, йӕ фын цы амоны, уый. 13Куыддӕриддӕр нын сӕ райхӕлдта, афтӕ рауади хъуыддаг: ӕз фӕстӕмӕ мӕ бынаты ӕвӕрд ӕрцыдтӕн, уый та ӕрцауыгътой».
14Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди. 15Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ». 16Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».
17Фараон Йосефӕн радзырдта: «Мӕ фыны цыма лӕууыдтӕн Нилы былгӕрон, 18ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, нард ӕмӕ рӕсугъд стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн. 19Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы — тынг фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг стуртӕ. Ахӕм цауд хъуццытӕ Мысыры зӕххыл никуыма федтон. 20Мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуццытӕ бахордтой, фыццаг чи рацыди, уыцы авд нард хъуджы. 21Нард хъуццытӕ сӕ хъуыры аирвӕзтысты, фӕлӕ адоныл уый зынгӕ дӕр нӕ фӕкодта — куыд тӕнтӕхауд уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Стӕй райхъал дӕн. 22Ног та бафынӕй дӕн ӕмӕ мӕ фыны федтон, цыма иу зӕнгыл ӕрзад авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ. 23Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скасти ӕндӕр авд ӕфсиры, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕмтӕ, 24ӕмӕ тыппырнӕмыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».
25Йосеф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый. 26Авд дзӕбӕх хъуджы амонынц авд азы, авд дзӕбӕх ӕфсиры дӕр — авд азы. Афтӕмӕй фын иу у. 27Фыццӕгты фӕдыл цы авд мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуджы рацыди, уыдон та амонынц иннӕ авд азы, хус дымгӕмӕ руад ӕфсиртӕ дӕр — афтӕ. Адон сты авд стонг азы. 28Гъе уымӕ гӕсгӕ загътон фараонӕн, Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый, зӕгъгӕ. 29Ныридӕгӕн ӕппӕт Мысыры зӕххыл райдайдзысты бӕркадджын авд азы. 30-31Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни. 32Фараон уыцы иу фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та амоны, Хуыцауӕн Йӕ уынаффӕ ӕнӕивгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕни, уый.
33Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕджы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд. 34Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай. 35Ӕрцӕуинаг чи у, уыцы тыллӕгджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор ӕмӕ йыл ӕрмӕст фараоны бар куыд цӕуа, афтӕ йӕ хордӕтты ӕфснайдӕй дарӕнт. 36Уыцы хорӕй авд стонг азы дӕргъы ирвӕздзысты Мысыры адӕм, сыдӕй нӕ амӕлдзысты».
37Ацы фӕнд фӕцыди фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕмӕ, 38ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?» 39Йосефӕн дӕр загъта: «Хуыцау дын адон иууыл кӕм раргом кодта, уым дыккаг дӕу хуызӕн куырыхон лӕг нӕй! 40Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ быгъдуан кӕнын мӕ галуан, мӕ адӕм дӕм иууылдӕр хъусдзысты. Ӕз дӕуӕй уӕлдӕр уыдзынӕн ӕрмӕст мӕ паддзахы номӕй». 41Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕппӕт Мысыры сӕргъы дӕ ӕвӕрын». 42Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс. 43Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.
44Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ амӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ничиуал батилдзӕни, къахдзӕф дӕр ничиуал акӕндзӕни». 45Фараон Йосефыл сӕвӕрдта ном Цафнат-Панеах. Усӕн ын радта Аснаты, Оны сауджын Поти-Перы чызджы. Ӕмӕ афтӕмӕй Йосеф сси ӕгас Мысыры хицау. 46Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ. 47Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг. 48Уыцы азты Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр хор ӕмбырд кодтой, уый Йосеф сахарты ӕфснайдта: алы сахары дӕр — йӕ алфамбылай зӕххыты тыллӕг. 49Ӕмӕ Йосеф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нӕ уыд.
50Стонг заманы размӕ Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснатӕй Йосефӕн райгуырди дыууӕ фырты. 51Йӕ хистӕр фыртыл Йосеф сӕвӕрдта ном Менассиа, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы фӕрцы мӕнӕй ферох сты ме ’ппӕт хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕ фыды уӕзӕг. 52Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефрем, уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым зӕнӕгджын скодта.
53Мысыры зӕххыл цы бӕркадджын авд азы скодта, уыдон аивгъуыдтой, 54ӕмӕ, Йосеф развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр тыхстысты ӕххормагӕй, фӕлӕ Мысыры та хор алы ран дӕр уыди. 55Фӕлӕ уалынмӕ Мысыры адӕм дӕр ӕххормаг ӕййафын байдыдтой ӕмӕ хойраджы тыххӕй фараонӕн куы ныллӕгъстӕ кодтой, уӕд сын уый загъта: «Йосефмӕ бацӕут ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый кӕнут». 56Стонг заман зӕххы цъар ӕмхуызонӕй ӕрӕлхъывта. Мысыры зӕххыл дӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Йосеф байгом кодта хордӕттӕ ӕмӕ мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта. 57Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti