Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 40

40
1-2Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты ис сӕ дыууӕмӕ дӕр 3ӕмӕ сӕ сбадын кодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыди, раст Йосеф кӕм бадти, уым. 4Хъахъхъӕнджыты хицау сӕ Йосефыл бафӕдзӕхста, ӕмӕ сын уый лӕггад кодта.
Рӕстӕг цыдис, 5ӕмӕ иуахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры паддзахы дзагдар ӕмӕ йӕ кӕрдзынгӕнӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг. 6-7Райсомӕй Йосеф бацыди ахӕстытӕм, фараоны барджынтӕм, ӕмӕ сӕ уыцы тыхстхуызӕй куы баййӕфта, уӕд сӕ афарста: «Абон цӕй тар сты уӕ цӕсгӕмттӕ?» 8Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».
9Хистӕр дзагдар Йосефӕн радзырдта: «Фыны федтон, цыма мӕ разы уыди сӕнӕфсиры тала, 10ӕртӕ къалиуы йыл. Тала уайтагъд къуыбыр рафтыдта, дидинӕг ракалдта, цупӕлттӕ йыл фӕзынд, ӕмӕ йӕ гагатӕ арӕгъӕд сты. 11Мӕ къухы уыди, фараон кӕмӕй фӕнуазы, уыцы синон. Ӕз ратыдтон сӕнӕфсиры гагатӕ, синонмӕ сӕ ӕрлӕмӕрстон ӕмӕ йӕ фараоны къухмӕ радтон». 12Йосеф ын загъта: «Мӕнӕ дӕ фын. Ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны. 13Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уыдзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни. 14Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕн, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй. 15Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».
16Хистӕр кӕрдзынгӕнӕг федта, Йосеф уыцы фын хорзӕрдӕм кӕй райхӕлдта, уый ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон иу фын. Цыма мӕ сӕрыл — дзулы ӕртӕ чыргъӕды. 17Уӕллаг чыргъӕды — фараонӕн конд алыхуызон дзултӕ, мӕргътӕ сӕ чыргъӕдӕй хӕрынц». 18Йосеф ын дзуапп радта: «Мӕнӕ цӕмӕ цӕуы дӕ фын. Ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны. 19Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».
20Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы: 21хистӕр дзагдары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, цӕмӕй та фараоны къухмӕ дӕтта синон; 22хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Йосеф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ. 23Фӕлӕ Йосеф хистӕр дзагдары зӕрдыл не ’рлӕууыди. Ферох дзы ис.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti