Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 4

4
1Адам ӕмуат ӕрцыд йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ралӕууыд, уӕд ын райгуырди Каин. Евӕ загъта: «Дунедарӕг мын радта ацы адӕймаджы». 2Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст. 3Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин йӕ зӕххы бӕркадӕй хуын ӕрбахаста Дунедарӕгӕн лӕварӕн, 4Авел та — йӕ дзуджы фыццаг уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд, 5Каины кувинӕгтӕ та нӕ айста. Ӕмӕ йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ сӕр ӕруагъта фыр мӕстӕй. 6Дунедарӕг бафарста Каины: «Цӕуыл мӕсты кӕныс? Дӕ сӕр цы ’руагътай? 7Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».
8Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта. 9Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм ис де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мыййаг, дӕн?» 10Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны. 11Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй ӕлгъыст ӕмӕ хъодыгонд дӕ ныр. 12Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард». 13Каин Дунедарӕгӕн загъта: «Мӕ азым афтӕ стыр у, ӕмӕ йын ныффӕразӕн нӕй. 14Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзынӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ». 15Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара. 16Каин рацыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнварс Ноды зӕххыл цӕугӕцард кодта.
17Каин ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ын райгуырди лӕппу — Ханох. Каин сарӕзта сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Ханох, йӕ фырты номӕй. 18Ханохӕй райгуырд Ирад, Ирадӕй — Мехиаел, Мехиаелӕй — Метушаел, Метушаелӕй — Ламех. 19Ламех ӕрхаста дыууӕ усы: иуӕн йӕ ном — Ада, иннӕмӕн та — Циллӕ. 20Ада ныййардта Йавалы. Уый сси цатырты цӕрӕг фосдарджыты фыдӕл. 21Йе ’фсымӕр Иувал та — хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзтӕй чи цагъта, уыдоны фыдӕл. 22Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.
23Ламех йӕ устытӕн загъта:
«Ада ӕмӕ Циллӕ, ӕрбайхъусут ардӕм!
Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм!
Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы.
Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн,
чи мӕ ныццӕва, уыцы лӕппуйы.
24Кӕд Каины царды ныхмӕ авд лӕджы хъуамӕ амӕла,
уӕд Ламехы царды ныхмӕ та — ӕвдай авд».
25Адам та ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уымӕн йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Шет, уымӕн ӕмӕ, дам мын, Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаджы. 26Шетӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енош. Уыцы заман райдыдтой Дунедарӕджы ном арын.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti