Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 39

39
1Йосефы акодтой Мысырмӕ. Уым ӕй измаелӕгтӕй иу мысыраг балхӕдта, йӕ ном Потифар. Потифар уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау. 2Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ Йосеф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысыраг хицауы хӕдзары. 3Мысыраг уыдта, Дунедарӕг Йосефыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый. 4-5Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад. 6Гъемӕ Потифар дӕр Йосефыл йӕ ис, йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис.
Йосеф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди. 7Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!» 8Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан, 9ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. Тобӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?» 10Сылгоймаг ӕрвылбон уӕгъд нӕ уагъта Йосефы, фӕлӕ йын уый ком нӕ лӕвӕрдта — йе ’мгӕрон нӕ цыд.
11Иуахӕмы Йосеф йӕ куысты фӕдыл хӕдзармӕ куы бахызти (ныр хӕдзаронтӕй та мидӕгӕй ничи уыди), 12уӕд ын ус йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ та загъта: «Ӕрхуысс мемӕ!» Фӕлӕ уый йӕ дарӕс усы къухы фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис. 13Йосефы дарӕс йӕ къухы куы аззади, 14уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди! 15Фӕлӕ, куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис».
16Ус йӕ мойы ӕрбацыдмӕ йӕхимӕ ныууагъта Йосефы дарӕс, 17стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕдзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди, 18фӕлӕ, куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ фӕлидзӕг ис». 19Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт. 20Йосефы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта.
Афтӕмӕй Йосеф бахаудта ахӕстонмӕ. 21Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта. 22Ӕмӕ йын уый ӕппӕт ахӕстыты дӕр йӕ бар бакодта. Цыдӕриддӕр куыстой, уым сын Йосеф лӕвӕрдта разамынд. 23Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Йосефы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti