Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 38

38
1Уыцы рӕстӕг Иудӕ йе ’фсымӕртӕй байуӕрста, ацыд ӕмӕ ӕрцард адулламаг Хирайы цур. 2Уым йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди ханаанаг Шуайы чызг, ӕмӕ йӕ ракуырдта. Йемӕ ӕрӕмуат ис. 3Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ лӕппу ныййардта. Иудӕ йыл сӕвӕрдта ном Ер. 4Шуайы чызг та ногӕй банхъӕлцау ис, лӕппу ныййардта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Онан. 5Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы рӕстӕг Иудӕ уыди Кезивы.
6Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ерӕн ӕрхаста ус, йӕ ном — Тамар. 7Фӕлӕ Ер, Иудӕйӕн йӕ зӕнӕджы хистӕр, Дунедарӕджы цӕсты фыдлӕг уыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ цард аскъуыдта. 8Уӕд Иудӕ Онанӕн загъта: «Баив де ’фсымӕры — йӕ идӕдзимӕ йын бацӕр ӕмӕ цот скӕн де ’фсымӕрӕн». 9Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн цот ма скӕна. 10Онан цы ми кодта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста. 11Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕхтис.
12Уӕдӕй рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Амард Иудӕйы ус, Шуайы чызг. Иудӕйӕн йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд йӕ адулламаг хӕлар Хираимӕ йӕ фысӕлвынджытӕм ссыди Тимнамӕ. 13Тамармӕ фӕхабар чындӕуыди, дӕ хицау Тимнамӕ йӕ фос ӕлвынынмӕ ссӕуы, зӕгъгӕ, 14ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Тимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Тамары нӕ ракуырдтой. 15Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй рог сыл фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди. 16Фӕндаджы былмӕ йӕм баздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Цӕй ӕмӕ демӕ ӕмуат ӕрцӕуон». Йӕ чындз у, уый нӕ базыдта. Тамар ӕй бафарста: «Цы мын ратдзынӕ, мемӕ куы ӕрӕмуат уай, уӕд?» 17Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк ӕрбарвитдзынӕн». Тамар ын афтӕ: «Цъынды мын исты ныууадз, цалынмӕ йӕ ӕрбарвитай, уӕдмӕ». 18Иудӕ йӕ бафарста: «Цы дын ныууадзон?» Загъта йын: «Дӕ мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ дӕ къухы уыцы лӕдзӕг». Радта йын сӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Тамар банхъӕлцау ис. 19Иудӕйӕ куы фӕхицӕн ис, уӕд йе ’мбӕрзӕн систа ӕмӕ та скодта йӕ идӕдзы дарӕс.
20Уыцы сылгоймагӕй цъынды фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй йын Иудӕ йӕ адулламаг хӕларимӕ арвыста сӕныкк, фӕлӕ йӕ уый не ссардта. 21Уырдыгон адӕмы дӕр бафарста, ам, фӕндаггӕрон, цы хӕтаг сылгоймаг бадти, уый цы фӕци, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын енаимӕгтӕ дзуапп радтой, ам, дам, хӕтаг сылгоймаг нӕ уыди. 22Уӕд Иудӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ йӕ ссардтон. Уырдыгон адӕм дӕр мын загътой, уыцы ран, дам, хӕтаг сылгоймаг нӕ уыд». 23Иудӕ загъта: «Йӕхицӕн уадзӕд уӕдӕ уыцы дзауматӕ, кӕннод фӕхудинаг уыдзыстӕм. Ӕз ын сӕныкк арвыстон, фӕлӕ йӕ ды не ссардтай. Гъемӕ фӕуӕд афтӕ!»
24Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут». 25Фӕлӕ Тамары куы ракодтой, уӕд йӕ хицаумӕ барвыста: «Зӕгъут ын, ацы дзауматӕ кӕй сты, уымӕй дӕн ӕнхъӕлцау». Бафӕрсын ӕй кодта: «Ӕркӕс-ма, ацы мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ ацы лӕдзӕг кӕй сты?» 26Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ радтон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.
27Тамар ӕвгъӕды куы уыди, уӕд рабӕрӕг ис, фаззӕттӕ йӕм кӕй ис, уый. 28Ӕмӕ арыныл куы ныллӕууыди, уӕд сӕ иуӕн йӕ къух разынд. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг ӕм февнӕлдта, сырх-сырхид ӕндах ыл абаста ӕмӕ загъта: «Ай фыццаг рацыди». 29Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ баласта, ӕмӕ фыццаг рацыдис йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс загъта: «Уӕдӕ афтӕ гӕрдыс фӕндаг дӕхицӕн?» Ӕмӕ йӕ схуыдтой Парец. 30Йӕ фӕдыл рацыдис йе ’фсымӕр, йӕ къухыл сырх-сырхид ӕндах, афтӕмӕй. Ном ын радтой Зарах.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti