Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 37

37
1-2Мӕнӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Йаков ӕрбынат кодта Ханааны зӕххыл — кӕддӕр йӕ фыд кӕм ӕрцарди, уым.
Йосефыл цыдис ӕвддӕс азы. Йе ’фсымӕртимӕ хызта лыстӕг фос — ӕххуыс кодта йӕ фыды устытӕ Билха ӕмӕ Зилпайы лӕппутӕн ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдмӕ ӕвзаг хаста. 3Йосеф Израилӕн йӕ зӕры бонты райгуырд, ӕмӕ йӕ, иннӕ фырттӕй уӕлдай, хъулон уарзт кодта. Уымӕ гӕсгӕ йын балӕвар кодта даргъ нывӕфтыд хӕдон. 4Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.
5Иуахӕмы Йосеф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн. 6Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ! 7Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой». 8Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.
9Йосеф ма федта иу фын ӕмӕ та уый дӕр йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Федтон ма ноджы иу фын: цыма мын ӕркуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы». 10Йосеф уыцы фын радзырдта йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый дын цавӕр фын у? Ау, ӕз ӕмӕ дӕм дӕ мад, де ’фсымӕртӕ зӕххы онг ӕркувынмӕ ӕцӕг бацӕудзыстӕм?» 11Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
12Иуахӕмы Йосефы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацыдысты Шехемы быдыртӕм. 13Израил Йосефӕн загъта: «Зоныс ӕй, де ’фсымӕртӕ Шехемы быдырты фос хизынц, уый, ӕмӕ дӕ, зӕгъын, уыдонмӕ арвитон». Уый дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн». 14Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ.
Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ, 15ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕрты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?» 16Йосеф дзуапп радта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Зӕгъ-ма мын, дӕ хорзӕхӕй, сӕ фос цы ран хизынц?» 17Уыцы лӕг ын афтӕ: «Ардыгӕй ацыдысты. Сӕ ныхас сын куыд фехъуыстон, афтӕмӕй — Дотанмӕ». Йосеф йе ’фсымӕрты фӕдыл араст ис ӕмӕ сӕ ссардта Дотаны.
18Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой. 19Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уартӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг. 20Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый». 21Фӕлӕ Рувим уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нӕ бауагъта къух сисын. Загъта сын: «Нӕ йӕ хъӕуы марын». 22Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсымӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.
23Йосеф куыддӕр йе ’фсымӕртӕм ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ йын йӕ аив пӕлӕз йӕ уӕлӕйӕ феппӕрстой, 24йӕхи та йын донуаты нысхуыстой. Донуат афтид уыди — бахуыскъ ис. 25Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд. 26Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни? 27Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаелӕгтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл, 28ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
29Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, 30йе ’фсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын афтӕ: «Лӕппу уым куынӕуал ис, уӕд цы кӕнон? Цы ма фӕуон?» 31Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Йосефы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой. 32Уый фӕстӕ уыцы пӕлӕз сӕ фыдмӕ ахастой ӕмӕ загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Фен-ма, дӕ фырты пӕлӕз ма уӕд». 33Йаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд бахордта Йосефы! Аргӕвста йӕ!» 34Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл. 35Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдтыбӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъарӕг кодта йӕ фыд.
36Ныр мидианӕгтӕ та Йосефы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti