Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 36

36
1Мӕнӕ Исавы (ома Едомы) байзӕддӕгтӕ.
2Исав ӕрхаста ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы, 3ноджы ма — Измаелы чызг Басематы, Невайоты хойы. 4Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Реуелы, 5Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Корахы.
Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕххыл.
6Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Йаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм фӕцыд ӕд устытӕ, ӕд цот, ӕд хӕдзаронтӕ, ӕд фосы дзугтӕ ӕмӕ, Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр бынтӕ скодта, ӕппӕт уыдонимӕ. 7Афтӕ сбирӕ ис сӕ мулк дыууӕ ӕфсымӕрӕн, ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн фадат нал уыди. Цы зӕххыл цардысты, уый нал фаг кодта сӕ бирӕ фосы дзугтӕн. 8Уымӕ гӕсгӕ Исав (ома Едом) ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.
9Мӕнӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.
10Исавӕн йӕ фырттӕ: Елифаз ӕмӕ Реуел. Елифаз райгуырд Адайӕ, Реуел — Басематӕй.
11Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Кеназ. 12Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалекы. Уыдон — Исавӕн йӕ ус Адайӕ цы зӕнӕг рацыд, уыдоны зӕнӕг. 13Реуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.
14Исавы фырттӕ, Цивоны фырт Анайы чызг Охоливама йын кӕй ныййардта, уыдон: Йеуш, Йалам ӕмӕ Корах.
15Мӕнӕ Исавы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ.
Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддӕгтӕ: Теман, Омар, Цефо, Кеназ, 16Корах, Гатам, Амалек. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уыдон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг.
17Исавы фырт Реуелы байзӕддӕгтӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгтӕ, Регуелы артӕй чи рацыди, уыдон — Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.
18Исавы байзӕддӕгтӕ, Охоливамайӕ йын чи рантысти, уыдон: Йеуш, Йалам, Корах — Исавӕн йӕ ус Охоливамайӕ, Анайы чызгӕй, чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.
19Адон сты Исавы (ома Едомы) байзӕддӕгтӕ, стӕй сӕ мыггӕгтӕ.
20Хораг Сеиры фырттӕ, уыцы зӕххыл раздӕр чи царди, уыдон: Лотан, Шовал, Цивон, Ана, 21Дишон, Ецер, Дишан. Уыдонӕй рацыдысты, Едомы зӕххыл раздӕр чи царди, уыцы хорӕгты мыггӕгтӕ — Сеиры байзӕддӕгтӕ. 22Лотаны фырттӕ: Хори ӕмӕ Хемам; Лотаны хо: Тимна. 23Шовалы фырттӕ: Алван, Манахат, Эвал, Шефо, Онам. 24Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта. 25Анайы цот: Дишон ӕмӕ Охоливама, Анайы чызг. 26Дишоны фырттӕ: Хемдан, Ешбан, Итран, Керан. 27Ецеры фырттӕ: Билхан, Зааван, Акан. 28Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран.
29Хорӕгты мыггӕгты хистӕртӕ: Лотан, Шовал, Цивон, Ана, 30Дишон, Ецер, Дишан. Уыдонӕй равзӕрдысты хорӕгты мыггӕгтӕ Сеиры зӕххыл.
31Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыди, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ. 32Едомы паддзахиуӕг кодта Беоры фырт Бела, йӕ сахары ном — Динхава. 33Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг. 34Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманаг Хушам. 35Хушамы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Бедады фырт Хадад, Моавы быдыры мидианӕгты уый басаста. Йӕ сахары ном — Авит. 36Хадады амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекайаг. 37Самлайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Саул, Евфраты былгӕрон сахар Реховотӕй. 38Саулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт Баал-Ханан. 39Ахборы фырт Баал-Хананы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Хадар, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг.
40Мӕнӕ, Исавы артӕй цы мыггӕгтӕ рацыди, уыдон, алчидӕр сӕ — ӕд бинонтӕ, ӕд цӕрӕнбынӕттӕ: Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг, 41Охоливамайы мыггаг, Елайы мыггаг, Пиноны мыггаг, 42Кеназы мыггаг, Теманы мыггаг, Мивцары мыггаг, 43Магдиелы мыггаг, Ирамы мыггаг.
Уыдон сты Едомы мыггӕгтӕ — алкӕмӕндӕр сӕ уыди йӕхи цӕрӕнбынат сӕ исбоны зӕххыл. Едомӕгтӕн сӕ фыдӕл — Исав.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti