Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 35

35
1Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн». 2Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут. 3Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн». 4Йаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Йаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын. 5Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.
6Йаков йӕ адӕмимӕ бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Лузмӕ, ома Вефилмӕ, 7ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел#35:7 Ома «Вефилы Хуыцау». , уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди.
8Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Деворӕ, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Вефилмӕ хӕстӕг, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут#35:8 Ома хъарӕджы тулдз..
9Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта. 10Загъта йын: «Дӕ ном Йаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Йаков нӕ — Израил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил. 11Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн. 12Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн».
13-14Хуыцау Йаковы ныууагъта, йемӕ кӕм дзырдта, уыцы ран. Йаков уыцы ран дурцӕджындз сӕвӕрдта, сӕн ӕмӕ йыл оливӕйы сой рауагъта. 15Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынатӕн Йаков радта ном Вефил.
16Вефилӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахелӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат. 17Йӕ рыстӕн куынӕуал фӕрӕзта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс афтӕ: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у». 18Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они#35:18 Ома «масты фырт». ; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин#35:18 Ома «амондджын саби». .
19Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл. 20Йаков ын йӕ ингӕны сӕрмӕ зӕрдылдарынӕн дур сӕвӕрдта, ӕмӕ ма уыцы дур абон дӕр лӕууы Рахелы ингӕныл.
21Израил уырдыгӕй араст ис ӕмӕ йӕ цатыр айтыгъта Мигдал-Едеры фале. 22Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис.
Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон. 24Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин. 25Рахелы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим. 26Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир.
Адон — Йаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Арамы.
27Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты. 28Исаак фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы. 29Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti