Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 34

34
1Йаков ӕмӕ Леайы чызг Динӕ иуахӕмы ацыди уырдыгон чызджыты абӕрӕг кӕнынмӕ. 2Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта. 3Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди. 4Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».
5Йаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕ кӕй фегад ис, уый, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд дӕр не схауди йӕ дзыхӕй. 6Йаковимӕ баныхас кӕнынмӕ ’рбацыди Шехемы фыд Хамор. 7Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.
8Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, раттут. 9Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут. 10Цӕрут не ’хсӕн. Бӕстӕ мӕнӕ уӕ разы, — ӕрцӕрут дзы, сӕрибарӕй йын йӕ зӕххыл цӕут ӕмӕ уын дзы хай уӕд». 11-12Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл баввӕрсат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».
13Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы. 14Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын. 15Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмхуызонӕй куы ӕрцӕуой сунӕтгонд. 16Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзыстӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм. 17Нӕ коммӕ куынӕ бакӕсат ӕмӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд та нӕ чызджы фӕстӕмӕ байсдзыстӕм».
18Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты Хамор ӕмӕ йӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ. 19Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ уарзта Йаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди. 20Хамор ӕмӕ Шехем ӕрлӕууыдысты сӕ сахары кулдуары раз ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой: 21«Уыцы адӕм нӕм кӕсынц хӕлар цӕстӕй. Уадз ӕмӕ ӕрцӕрой нӕ зӕххыл, сӕрибарӕй йыл цӕуой — парахат куы у фӕйнӕрдӕм сӕ разы. Мах та уыдонӕй чызг дӕр курдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ чызджытӕй дӕр моймӕ дӕтдзыстӕм. 22Фӕлӕ уыцы адӕм не ’хсӕн ӕрцӕрыныл ӕмӕ, немӕ иу адӕм суой, ууыл разы сты ӕрмӕст ахӕм дзырдӕй: уыдонау махмӕ дӕр хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцӕуа алы нӕлгоймаг дӕр. 23Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон». 24Сахары цӕрджытӕ байхъуыстой Хамор ӕмӕ йӕ фырт Шехеммӕ, ӕмӕ ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕрцыдысты сунӕтгонд.
25Ӕртыккаг бон, сунӕтгӕндтӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Йаковы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр. 26Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты.
27Уый фӕстӕ Йаковы иннӕ фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ фӕкъахтой, сӕ хойы сын кӕм фегад кодтой, уыцы сахар. 28Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, ахастой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый. 29Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабитӕ ӕмӕ сын сӕ устыты акодтой уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.
30Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!» 31Симеон ӕмӕ йын Левий дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti