Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 33

33
1Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ Исав цыппарсӕдӕ лӕгимӕ ӕрбацӕуы. Уӕд Леайы, Рахелы ӕмӕ дыууӕ номылусы хицӕнтӕй ӕрлӕууын кодта, алкӕй дӕр — йӕхи сывӕллӕттимӕ. 2Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Рахел ӕмӕ Йосеф. 3Йӕхӕдӕг цыди разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ ис, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта. 4Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой. 5Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ». 6Уалынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрбахӕццӕ сты номылустытӕ ӕмӕ ныллӕг акуывтой Исавӕн. 7Стӕй ӕрбахӕццӕ ис Леа дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын бакуывтой. Уыдоны фӕстӕ ӕрбахӕццӕ сты Йосеф ӕмӕ Рахел, ӕмӕ йын уыдон дӕр бакуывтой.
8Исав та Йаковы бафарста: «Цы дзугтӕ федтон, уыдон та дын цы сты?» Йаков ын дзуапп радта: «Ме ’лдары зӕрдӕ балхӕнинаг сӕ дӕн». 9Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ ис, ме ’фсымӕр. Дӕхион дӕхицӕн уадз». 10Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти. 11Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Йаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕлдай ницыуал загъта.
12Исав Йаковӕн зӕгъы: «Цом, ӕз дӕр демӕ цӕуын». 13Йаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый зоныс, ме ’лдар. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕрон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр. 14Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ». 15Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныууадзон». Фӕлӕ Йаков не сразы: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн, ме ’лдар».
16Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ, 17Йаков та араст ис Суккотмӕ ӕмӕ уым айтыгъта йӕ цатыр, йӕ фосӕн та скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бынат хуыйны Суккот#33:17 Ома «халагъудтӕ»..
18Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта. 19Йӕ цатыр кӕм айтыгъта, уыцы зӕххы хай балхӕдта Шехемы фыд Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы. 20Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел#33:20 Ома Израилы Хуыцау у Стыр Иунӕг Хуыцау..

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti