Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 32

32
1Йаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ. 2Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.
3Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм. 4Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ. 5Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ме ’лдарӕн хъусын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма бавгъау кӕнӕд!“»
6Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йемӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы». 7Тынг фӕтарст Йаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ рӕсӕнуатыл. 8Загъта: «Исав йӕхи иу рӕсӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ рӕсӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты».
9Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ! 10Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг. 11Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ. 12Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
13Йаков уым бахсӕвиуат кодта, стӕй йе ’ппӕт дзугтӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕвары хай рахицӕн кодта 14дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры, 15дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд лӕппынтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы, дӕс нӕл хӕрӕджы. 16Йӕ цагъарты бар сӕ бакодта, алы дзугӕн дӕр — хицӕн скъӕрӕг, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕут мӕ разӕй, уӕ кӕрӕдзийӕ дӕрддзӕфгомау». 17Фыццаг цагъарӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы амбӕла, уӕд дӕ фӕрсдзӕни, кӕй цагъар дӕ, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй фос тӕрыс дӕ разӕй, зӕгъгӕ. 18Дзуапп-иу ын ратт: „Уыдон дӕ цагъар Йаковы фос сты, ме ’лдар Исавӕн сӕ рарвыста лӕварӕн. Йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». 19Йаков бафӕдзӕхста дыккаг цагъарӕн, ӕртыккагӕн ӕмӕ, фосы фӕдыл чи цыди, уыцы цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сымах дӕр-иу афтӕ зӕгъут Исавӕн, куы йыл амбӕлат, уӕд. 20Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».
21Афтӕмӕй Йаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы рӕсӕнуаты баззади.
22Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти. 23Фаллаг фарсмӕ бахизын кодта се ’ппӕты дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уыимӕ.
24Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ. 25Йӕ бон Йаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ лӕгӕн йӕ сины стӕг фелвӕсти. 26Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн». 27Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Йаков». 28Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил#32:28 Ома «хӕцы Хуыцауимӕ»., уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ». 29Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.
30Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн. 31Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых. 32Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti