Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 31

31
1Йаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ: «Йаков нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирдыгӕй фӕкодта. Уый бӕрц мулк ратыдта нӕ фыдӕй!»
2Ӕмӕ Йаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм кӕй нал кӕсы, уый.
3Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ». 4Йаков арвыста Рахел ӕмӕ Леамӕ, цӕмӕй рацӕуой быдырмӕ, йӕ фосы дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм, 5ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды. 6Уӕхӕдӕг ӕй зонут: уӕ фыдӕн куыстон, мӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, 7уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын. 8Лаван мын афтӕ куы загъта, тӕппытимӕ цы фос фӕзына, уый уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕт фос дӕр фӕзынди тӕппытимӕ. Гӕрӕм фос уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, мын куы загъта, уӕд та фосы зӕйц иууылдӕр разындис гӕрӕм. 9Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта. 10Иуахӕмы фосы хъазын афон федтон ахӕм фын: сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазыд, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ. 11Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Йаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм“. 12Уый загъта: „Акӕс-ма, сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазынц, уыдон сты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз федтон, Лаван дын цытӕ кӕны, уый. 13Ӕз Вефилы Хуыцау дӕн, уаз дуры цъуппыл оливӕйы сой ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ракодтай, уыцы Вефилы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй ацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм“».
14Рахел ӕмӕ Леа Йаковӕн загътой: «Нӕ фыды хӕдзарӕй ма нӕм исты хай, исты мулк ӕрхаудзӕни, мыййаг? 15Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта. 16Хуыцау нӕ фыдӕй цы исбон райста, уый ай-гъай мах ӕмӕ нӕ цоты у. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕн».
17Йаков йӕ бинонты теуатыл сбадын кодта, 18сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ. 19Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ. 20Йаков дӕр хинӕй рацыд арамейаг Лаваныл — ницы йын загъта, 21афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доны сӕрты ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.
22Ӕртыккаг бон Лаванмӕ хабаргӕнӕг фӕци, Йаков алыгъди, зӕгъгӕ. 23Лаван йӕ хӕстӕджыты йемӕ ракодта ӕмӕ фӕсте расырдта Йаковы. Авд боны фӕстӕ йӕ Галаады хӕхты баййӕфтой. 24Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!» 25Лаван Йаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ рӕсӕнуат скодта уыцы хӕхбӕсты.
26Лаван Йаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты заман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай! 27Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджытимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ. 28Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕныны фадат дӕр куынӕуал радтай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды. 29Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ. 30Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?» 31Йаков дзуапп радта Лаванӕн: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджыты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй. 32Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвдисӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Йаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахел кӕй радавта, уый.
33Лаван баджигул кодта Йаковы цатыры, Леайы цатыры ӕмӕ дыууӕ унӕуты цатыры, фӕлӕ ницы ссардта. Леайы цатырӕй куы рацыди, уӕд Рахелы цатырмӕ бахызти. 34Уӕдмӕ Рахел хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕрста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта. 35Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.
36Йаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай? 37Ме ’ппӕт дзауматӕ дӕр мын басгӕрстай ӕмӕ мӕм дӕхионӕй цы ссардтай? Ӕрӕвӕр-ма сӕ ам мӕ хиуӕтты раз, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн тӕрхонгӕнӕг фӕуӕнт! 38Ссӕдз азы дӕм фӕдӕн, ӕмӕ дӕ фыстӕ дӕр, дӕ сӕгътӕ дӕр никуы фефтыдтой. Дӕ дзуджы фыстӕй, мӕхи дзы куы бафсадин, зӕгъгӕ, никуы аргӕвстон. 39Дӕ фосӕй дын тугдзых сырд аргӕвста, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕм ӕй нӕ бахастон, фӕлӕ-иу дын йӕ аргъ мӕхӕдӕг бафыстон. Боныгон ӕрцыдаид уыцы зиан ӕви ӕхсӕв — агуырдтай йӕ мӕнӕй. 40Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди. 41Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты. 42Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».
43Лаван Йаковӕн загъта: «Мӕнӕ — мӕ чызджытӕ, мӕнӕ — мӕ зӕнӕджы зӕнӕг, мӕнӕ — мӕ фос. Ам цыдӕриддӕр уыныс, уыдон мӕн сты. Фӕлӕ ма ныр цы ракӕнын у мӕ бон мӕ чызджытӕн кӕнӕ, кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн? 44Цӕй ӕмӕ бафидауӕм, ӕмӕ нӕ фидыд исты нысанӕй сфидар кӕнӕм!»
45Уыйадыл Йаков дурцӕджындз сӕвӕрдта, зӕрдыл дарыны охыл, 46ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн загъта: «Ӕрӕмбырд кӕнут дуртӕ». Уыдон дурцӕнд самадтой ӕмӕ цӕнды цур минасыл ӕрбадтысты. 47Лаван уыцы цӕнд схуыдта Йегар-Сахадута, Йаков та — Гал-Ед. 48Лаван загъта: «Абон ацы дурцӕнд нӕ дыууӕйӕн дӕр — ӕвдисӕн». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Гал-Ед, 49стӕй — Мицпа#31:49 Ома «фӕлгӕсӕн мӕсыг»., уымӕн ӕмӕ ма Лаван йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дунедарӕг Йӕ цӕст дарӕд нӕ дыууӕмӕ дӕр, кӕрӕдзийы куынӕуал уынӕм, уӕд. 50Мӕ чызджыты мын куы ӕфхӕрай кӕнӕ ма ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: ам нӕ цуры ӕвдисӕны номыл иу адӕймаг дӕр нӕй — Хуыцау у нӕ дыууӕйӕн ӕвдисӕн!»
51Лаван ма Йаковӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ зӕрдыл дар! Мӕнӕ — дурцӕнд, мӕнӕ уый та — уаз дур, нӕ дыууӕйы ’хсӕн кӕй ныссагътон, уый. 52Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы уаз дур уыдзысты ӕвдисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ацы фарсмӕ. 53Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй. 54Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты. 55Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti