Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 29

29
1Йаков араст ис дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕстӕм бахӕццӕ ис. 2Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайӕн йӕ цуры ривӕд кодтой фысты ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт, 3ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ’рбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. 4Йаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харанӕй». 5Йаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй». 6Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх, ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахел фосимӕ ӕрбацӕуы». 7Йаков сын загъта: «Изӕрмӕ ма бирӕ рӕстӕг ис, фос ӕмбырд кӕныны афон нӕма у. Дон сын бадарут ӕмӕ сӕ хизынмӕ аскъӕрут». 8Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».
9Йаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ ис Рахел дӕр — уый сӕ хызта. 10Йаков йӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй иуварс ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта. 11Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта. 12Стӕй Йаков загъта Рахелӕн, дӕ фыды хион дӕн, зӕгъгӕ, Ревеккӕйы фырт. Чызг азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн фехъусын кодта. 13Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта, 14ӕмӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕ туг, ме стӕг куы дӕ ӕцӕгдӕр!»
Йаков Лаванмӕ иу мӕй куы ацарди, 15уӕд ын Лаван афтӕ: «Хион мын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын лӕвар хъуамӕ кусай? Цас мызд дӕ хъӕуы, уый мын зӕгъ!» 16Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел. 17Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд. 18Йаков бауарзта Рахелы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахелы тыххӕй дын бакусдзынӕн авд азы». 19Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».
20Йаков Рахелы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахелы уарзгӕ кодта. 21Йаков Лаванӕн загъта: «Мӕ усаджы мын ратт — ныр афон у, ӕмӕ йемӕ бацӕрон». 22Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта. 23Ӕцӕг, ӕхсӕвы Йаковмӕ бакодта йӕ чызг Леайы, ӕмӕ уый йемӕ ӕмуат ӕрцыди. 24Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Лаван радта йӕ унӕут Зилпайы. 25Райсомӕй Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахелы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?» 26Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц. 27Аимӕ уал уӕ чындзӕхсӕвы къуыри ахицӕн уӕд, стӕй дын иннӕйы дӕр ратдзыстӕм, ӕрмӕст мӕм уый тыххӕй дӕр авд азы бакус». 28Йаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕхсӕвы къуыри куы ахицӕн ис, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахелы. 29Лаван йӕ чызг Рахелӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы. 30Афтӕмӕй Йаков ӕмуат ӕрцыди Рахелимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.
31Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг. 32Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой». 33Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон. 34Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцыди ном Левий. 35Ногӕй та банхъӕлцау ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунедарӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ. Уый фӕстӕ Леайӕн цот нал цыди.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti