Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 28

28
1Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур. 2Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым дӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур. 3Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд! 4Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!» 5Исаак Йаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст ис Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Йаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.
6Исав базыдта: Исаак Йаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур, зӕгъгӕ. 7Йаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст ис Паддан-Араммӕ. 8Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чындзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый. 9Уӕд фӕцыд Измаелмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаелы чызг Махалаты, Невайоты хойы.
10Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ. 11Иу ранмӕ бахӕццӕ ис ӕмӕ уым бахсӕвиуат кодта, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ хур аныгуылди. Йӕ алыварс цы стыр дуртӕ уыдис, уыдонӕй иу райста, йӕ нывӕрзӕн ӕй бакодта ӕмӕ уыцы ран бахуыссыди. 12Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц. 13Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. 14Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 15Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
16Йаков райхъал ис ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ацы ран ис, ӕнӕмӕнг, ӕз та йӕ нӕ зыдтон!» 17Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».
18Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта. 19Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.
20Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза, 21стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау. 22Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti