Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 27

27
1Исаак базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Иуахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2Исаак ын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый. 3Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын исты хъӕддаг сырд самал кӕн быдыры. 4Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».
5Ревеккӕ фехъуыста, Исаак Исавӕн цы дзырдта, уый. Исав цуаны куы ацыди, 6уӕд Ревеккӕ Йаковӕн загъта: «Ӕз фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавӕн цы дзырдта, уый: 7„Сырды фыд ӕрбахӕсс ӕмӕ мын дзы хӕрзад хӕринаг скӕн, ӕз дзы бахӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ дын Дунедарӕджы раз раарфӕ кӕндзынӕн“. 8Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус, цы дын фӕдзӕхсын, уымӕ. 9Цу ӕмӕ мын фосы дзугӕй дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, сӕ дзидзайӕ сын дӕ фыдӕн хӕрзад хӕринаг акӕнон, куыд уарзы, афтӕ. 10Ды йын ӕй бахӕсдзынӕ, ӕмӕ, куы бахӕра, уӕд дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕндзӕн». 11Йаков загъта йӕ мад Ревеккӕйӕн: «Куы йӕ зоныс, ме ’фсымӕр Исавы буар хъуынджын у, мӕнӕн та нӕу. 12Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы ӕрысгара, уӕд зӕгъдзӕни, хынджылӕг мӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд мӕхиуыл, арфӕйы бӕсты, ӕлгъыст бафтаудзынӕн». 13Йӕ мад ын загъта: «Уыцы ӕлгъыст мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, мӕ хъӕбул, ӕрмӕст цу ӕмӕ ӕрбахӕсс, цы дын загътон, уый».
14Йаков ӕрбахаста дыууӕ сӕныччы, ӕмӕ Ревеккӕ скодта хӕрзад хӕринаг, Исаак куыд уарзта, афтӕ. 15Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрды дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Йаковыл, 16йӕ цӕнгтӕ ӕмӕ йын йӕ бӕрзӕйыл та ӕрбатыхта сӕныччыты цӕрмттӕ. 17Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг сцӕттӕ кодта, уый дзулимӕ Йаковмӕ радта.
18Йаков бацыд йӕ фыдмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ фыд!» Уый йын дзуапп загъта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ?» 19Йаков дзуапп радта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Цы мын загътай, уый бакодтон. Рабад, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ сырды фыдӕй саход, стӕй-иу мын саккаг кӕн дӕ арфӕ». 20Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рарвыста». 21Исаак Йаковӕн афтӕ: «Ӕри-ма, мӕ уырзӕй дӕ фенон, кӕддӕра ӕцӕгдӕр Исав дӕ». 22Йаков бацыди йӕ фыд Исаакмӕ, ӕмӕ йӕ уый ӕрысгӕрста ӕмӕ загъта: «Хъӕлӕс — Йаковы хъӕлӕс, къухтӕ та — Исавы къухтӕ». 23Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ йе ’фсымӕр Исавы къухтау хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта, 24уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О». 25Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Йаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ бануӕзта. 26Стӕй Исаак Йаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт». 27Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт. 28Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд! 29Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»
30Куыддӕр Исаак Йаковӕн раарфӕ кодта, куыддӕр Йаков йӕ фыд Исаакы цурӕй рацыд, афтӕ Исав дӕр ӕрбахӕццӕ ис цуанӕй. 31Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдмӕ йӕ бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ». 32Исаак ӕй бафарста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн». 33Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн». 34Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» 35Уый йын загъта: «Де ’фсымӕр мӕм ӕрбацыд ӕмӕ, дӕуӕн цы арфӕ ракӕнинаг уыдтӕн, уый сайдӕй йӕхи бакодта». 36Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Йаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма бафарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?» 37Исаак ын дзуапп радта: «Йаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?» 38Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта. 39Исаак ын загъта:
«Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай,
уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.
40Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи
ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар.
Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ —
дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».
41Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы». 42Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ фӕсидти йӕ кӕстӕр фырт Йаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы, 43ӕмӕ мӕм байхъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харанмӕ. 44Иу цасдӕр ӕм ацӕр, цалынмӕ де ’фсымӕры маст ссӕуа, уӕдмӕ. 45Йӕ маст куы ссӕуа де ’фсымӕрӕн, цы йын бакодтай, уый йӕ куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Цӕмӕн хъуамӕ фенӕхай уон уыцы иу бон уӕ дыууӕйӕ дӕр?»
46Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Йаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti