Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 25

25
1Авраамӕн ма уыди дыккаг ус дӕр, йӕ ном — Кетура. 2Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Йокшаны, Меданы, Мидианы, Ишбакы ӕмӕ Шуахы. 3Йокшанӕн райгуырдысты Сава ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддӕгтӕ: ассириӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леумӕгтӕ. 4Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Кетурайӕ рацыдысты.
5Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн, 6йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.
7Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. 9-10Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ Измаел ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ. 11Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.
12Мӕнӕ, Саррӕйы мысыраг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы Измаелы байзӕддӕгтӕ. 13Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам, 14Мишма, Дума, Масса, 15Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма. 16Адон сты Измаелы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.
17Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис. 18Йӕ байзӕддӕгтӕ цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ассиримӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ’хсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.
19Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ.
Авраамӕн райгуырд Исаак. 20Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд. 21Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис. 22Фӕлӕ фырттӕ йӕ гуыбыны кӕрӕдзийы схойын райдыдтой, ӕмӕ загъта: «Сомбон дӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕуой, уӕд мӕ цард цы у?» Ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ ацыди. 23Дунедарӕг ын дзуапп радта:
«Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй,
дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг —
сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты.
Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр,
хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».
24Ревеккӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон, ӕмӕ ныййардта дыууӕ фаззоны. 25Фыццаг чи райгуырд, уый уыди сырхбуар, къахӕй сӕрмӕ — сырды цармау хъуынджын. Ном ыл сӕвӕрдтой Исав. 26Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков#25:26 Йаков ам нысан кӕны «зӕвӕтыл хӕцын». . Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
27Лӕппутӕ байрӕзтысты. Исав сси дӕсны цуанон, хӕтӕнты хӕтӕг. Йаков та уыд ӕвӕлмас лӕг, баззад-иу цатырты цур. 28Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарзта Исавы. Ревеккӕ та уарзта Йаковы.
29Иу хатт Йаков хъӕрмхуыпп куыд фыхта, афтӕ Исав та фӕлладӕй ӕрбацыди быдырӕй 30ӕмӕ Йаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй-ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом». 31Фӕлӕ йын Йаков дзуапп радта: «Раздӕр уал мын дӕ хистӕрад рауӕй кӕн». 32Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ цӕмӕн хъӕуы уыцы хистӕрад?» 33Йаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Йаковӕн ауӕй кодта йӕ хистӕрад. 34Йаков радта Исавӕн дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад ницӕмӕ ’рдардта.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti