Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 24

24
1Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр. 2Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал#24:2Уыцы бавнӕлд баст уыдис иууыл карздӕр ардбахӕрдимӕ. 3ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ, 4фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн». 5Цагъар ӕй бафарста: «Мыййаг, уыцы чызг мемӕ а зӕхмӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд-иу дын дӕ фырты, цы бӕстӕйӕ рацыдтӕ, уырдӕм акӕнон?» 6Авраам ын загъта: «Нӕ, мӕ фырты мын уырдӕм мацыхуызы акӕн! 7Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай. 8Чызг демӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд та сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй. Ӕрмӕст-иу мын мӕ фырты уырдӕм ма акӕн». 9Цагъар бавнӕлдта йе ’лдар Авраамы агъдрӕбынмӕ ӕмӕ йын ард бахордта.
10Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ. 11Уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ донмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон. 12Авраамы цагъар скуывта: «О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй! 13Мӕнӕ лӕууын цъайы цур, ӕмӕ ныртӕккӕ сахары чызджытӕ рацӕудзысты донмӕ. 14Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».
15Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг. 16Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд чызг, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, ахӕм. Ӕрцыди цъаймӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыд, 17уӕд ӕм Авраамы цагъар рӕвдз бауад ӕмӕ йӕм бахатыд: «Дӕ дурыны донӕй-ма мын иу хуыпп авӕр». 18Уый загъта: «Бануаз, ме ’лдар», — дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта. 19Авраамы цагъар куы бануӕзта, уӕд ын чызг афтӕ: «Ныртӕккӕ дын дӕ теуатӕн дӕр сисдзынӕн, уадз ӕмӕ сӕ фаг бануазой». 20Уайтагъд йӕ дурыны дон тӕгӕнайы ауагъта, цъаймӕ та бауади ӕмӕ йын йӕ теуатӕн дӕр дон систа.
21Авраамы цагъар ӕм кастис ӕнӕдзургӕйӕ. Фӕндыд ӕй базонын, Дунедарӕг ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ. 22Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны 23ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Кӕм бахсӕвиуат кӕнӕм, дӕ фыды хӕдзары ахӕм бынат нӕ разындзӕн?» 24Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз Милка ӕмӕ Нахоры фырт Бетуелы чызг дӕн». 25Ноджы ма йын загъта: «Фосӕн нӕм хъӕмп ӕмӕ холлаг бирӕ ис. Кӕм бахсӕвиуат кӕнат, уый дӕр ссардзыстӕм». 26Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис 27ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».
28Чызг рӕвдз ауади йӕ мадмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ рафӕзмыдта. 29-30Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ куы федта, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, цъайы цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди цъайы цур. 31Лаван ӕм бахатыди: «Саккаг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон». 32Уазӕг сӕм мидӕмӕ бацыди. Теуаты суӕгъд кодтой ӕмӕ сын радтой хъӕмп ӕмӕ холлаг, уазӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та — дон, сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн.
33Авраамы цагъарӕн ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ сын уый афтӕ: «Нӕ саходдзынӕн, цалынмӕ уын мӕ цыды сӕр раргом кӕнон, уӕдмӕ». Загътой йын: «Дзур». 34Уый райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн. 35Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ. 36Ме ’лдарӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдар йӕ фыртӕн радта йе ’ппӕт исбон дӕр. 37Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыртӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн, 38фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕн йӕ фыды уӕзӕгмӕ, йӕ мыггагмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕн ус Исаакӕн. 39Ӕз ме ’лдары бафарстон: „Мыййаг, уыцы чызг мемӕ куынӕ ракома, уӕд та?“ 40Уый мын загъта: „Йӕ коммӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус. 41Мӕ фыды хӕдзармӕ мын куы ацӕуай, мӕ мыггагмӕ, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй, суанг сӕ чызджы куынӕ раттой, уӕддӕр“. 42Абон цъаймӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис! 43Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ. 44Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“. 45Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ. 46Уый йӕ дурын ӕриста ӕмӕ загъта: „Ануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн“. Ӕз куы бануӕзтон, уӕд теуатӕн дӕр дон бадардта. 47Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“ Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цонгдарӕнтӕ. 48Дунедарӕджы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакуывтон ӕмӕ арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн. 49Гъемӕ кӕд ме ’лдармӕ хионы цӕстӕй кӕсут ӕмӕ ацы хъуыддагыл разы стут, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕд дӕр мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ уӕд зондзынӕн, цы гӕнгӕ мын у, уый».
50Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дунедарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын „о“ кӕнӕ „нӕ“ зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы. 51Мӕнӕ дын — Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус». 52Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис зӕххыл. 53Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ. 54Йе ’мбӕлццӕттимӕ дзаг фынгтыл фӕбадтысты, стӕй сӕ алчи йӕ хуыссӕн ӕрцагуырдта.
Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Авраамы цагъар бахатыди: «Ныр мӕ ауадзут ме ’лдармӕ». 55Чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ мад куырдтой: «Немӕ ма иу-дӕс боны уӕддӕр ацӕрӕд, стӕй ацӕудзӕни». 56Фӕлӕ сын Авраамы цагъар афтӕ: «Дунедарӕг мын мӕ хъуыддаг кӕм фӕрӕстмӕ кодта, уым мӕ мауал фӕстиат кӕнут. Ауадзут мӕ, ӕмӕ ме ’лдармӕ аздӕхон». 57Уыдон загътой: «Уӕдӕ чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм». 58Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы лӕгимӕ?» Уый дзуапп радта: «Цӕуын». 59Уӕд сӕ хо Ревеккӕйы ӕд дыджызӕ ауагътой Авраамы цагъар ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттимӕ. 60Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын:
«Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо!
Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»
61Ревеккӕ ӕмӕ йӕ унӕуттӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ араст сты уыцы лӕджы фӕдыл. Афтӕ ракодта Ревеккӕйы Авраамы цагъар ӕмӕ йӕ фӕндаг адардта.
62Уыцы рӕстӕг Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ — Негевы царди уӕд. 63Изӕры Исаак быдырмӕ рацыд ӕмӕ хъуыдытӕ кодта. Кӕсы ӕмӕ уыны: теуатӕ ӕрбацӕуынц. 64Ревеккӕ дӕр кӕсы ӕмӕ, Исаакы куы ауыдта, уӕд теуайӕ рӕвдз ӕрхызти. 65Авраамы цагъары афарста: «Быдыры махӕрдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрбатыхта#24:65 Чындзӕхсӕв цалынмӕ ахицӕн уа, уӕдмӕ лӕппуйӕн нӕ уыди йӕ усаджы цӕсгом уыныны бар..
66Цагъар Исаакӕн кӕрӕй-кӕронмӕ радзырдта йӕ балцы хабӕрттӕ. 67Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti