Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 23

23
1Саррӕ фӕцардис сӕдӕ дыууын авд азы. 2Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл. 3Стӕй Авраам сыстади марды цурӕй ӕмӕ хеттӕгтӕн загъта: 4«Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон». 5Хеттӕгтӕ йын загътой: 6«Дӕ хорзӕхӕй, ӕрбайхъус нӕм, нӕ хицау! Мах дӕ нымайӕм Хуыцауы барджын лӕгыл, ӕмӕ нӕ зӕппӕдзты хуыздӕры бавӕр дӕ усы. Уый тыххӕй дын махӕй ничи бавгъау кӕндзӕни йӕ мыггаджы зӕппадз». 7Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, хеттӕгтӕн, 8ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мын мӕ усы мард бавӕрыны бар дӕттут, уӕд уӕ курын, ӕмӕ Цохары фырт Ефронмӕ бахатут, 9цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Уӕ разы мын ӕй йе ’ххӕст аргъыл раттӕд зиан бавӕрыны тыххӕй».
10Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ’хсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта: 11«Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, байхъус мӕм! Ӕз дын дӕттын уыцы зӕххы гӕппӕл дӕр ӕмӕ лӕгӕт дӕр. Дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы раз, ӕмӕ дӕ зиан бавӕр». 12Авраам та йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн 13ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ баздӕхти Ефронмӕ: «Мемӕ куы сразы уаис, уӕд дын быдыры аргъ раттин. Айс ӕй, ӕмӕ мӕ зиан уым бавӕрон». 14Ефрон загъта Авраамӕн: 15«Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ӕрбайхъус мӕм! Зӕххӕн йӕ аргъ у цыппарсӕдӕ ӕвзист шекелы — уый ӕз ӕмӕ дӕуӕн йӕ койы аккаг дӕр нӕу. Бавӕр дӕ зиан». 16Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.
17-18Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕстӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд ис, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр. 19Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл. 20Хеттӕгтӕй Аврааммӕ ӕрбахаудис зӕххы хай дӕр, цы лӕгӕт дзы уыди, уый дӕр, ӕмӕ йӕ зиан уыцы ран бафснайдта.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti