Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 22

22
1Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 2Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».
3Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм. 4Ӕртыккаг бон Авраам йӕ алыварс йӕ цӕст ахаста ӕмӕ дардмӕ суыдта уыцы бынат. 5Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ бакувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».
6Авраам йӕ фырт Исаакы ӕккой сӕвӕрдта, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн сӕм цы суг уыди, уый, райста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ араст сты дыууӕйӕ. 7Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ уӕрыкк та кӕм ис иууылсудзинагӕн?» 8Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.
9Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ равӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ. 10Фӕлӕ куыддӕр кард райста йӕ фырты аргӕвдынмӕ, 11афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 12Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».
13Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъдысты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты. 14Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире#22:14 Ома «Дунедарӕг сбӕрӕг кӕндзӕн». . Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.
15Дунедарӕджы зӕд та дыккаг хатт дӕр уӕларвӕй фӕсидти Аврааммӕ: 16«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, 17уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты! 18Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
19Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.
20Уыцы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Авраамӕн загъдӕуыд, де ’фсымӕр Нахорӕн дӕр йӕ ус Милка фырттӕ ныййардта, зӕгъгӕ: 21Уц — хистӕр, уый фӕстӕ — Буз, иннӕтӕ — Кемуел, Арамы фыд, 22Кесед, Хазо, Пилдаш, Идлаф, Бетуел. 23Бетуелӕн райгуырди Ревеккӕ. Уыцы аст фырты Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн ныййардта Милка. 24Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti