Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 20

20
1Авраам уырдыгӕй араст ис Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕнцади Кадешӕй Шуры ’хсӕн. Иу заман царди Герары. 2Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ. 3Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у». 4Авимелех та нырма йе ’мгӕрон нӕма ӕрцыди. «Бардарӕг! — бахатыд Авимелех. — Ау, ӕназым адӕмы дӕр фесафдзынӕ? 5Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр». 6Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын. 7Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».
8Райсомӕй раджы Авимелех куы фӕдзырдта йӕ дӕлдӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд сӕ стыр тас бацыди. 9Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай». 10Ноджы ма йын Авимелех загъта: «Цы дын уыди уыцы фӕнд, цы дӕ зӕрды уыд?» 11Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“. 12Ӕцӕгӕй та мын хо дӕр ӕййафы: фыдӕй иу стӕм, мадӕй та — хицӕн, ӕмӕ сси мӕ ус. 13Хуыцау мӕ куы арвыста мӕ фыды уӕзӕгӕй дунейыл хӕтынмӕ, уӕд мӕ усӕн бафӕдзӕхстон: „Уыцы хорзы мын бацу ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды бафтӕм, уым-иу ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ, дзур“».
14Авимелех рахицӕн кодта лыстӕг фос, стурвос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн, фӕстӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр. 15Загъта: «Мӕнӕ мӕ зӕхх дӕ разы. Цӕр, кӕмдӕриддӕр дӕ фӕнды, уым». 16Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин ӕвзист шекелы#20:16 Шекел — ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕрины бӕрц рагон дзуттӕгтӕм ӕмӕ иннӕ семитаг адӕмтӕм — 11,5 граммӕ хӕстӕг., ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».
17Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын. 18Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti