Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 19

19
1Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, ныддӕлгом ис зӕххыл 2ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм». 3Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын акодтой, ӕмӕ бахордтой.
4Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, ногӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл 5ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!» 6Лот сӕм къӕсӕрмӕ рауади, дуар йӕ фӕдыл рахгӕдта 7ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут. 8Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сын кӕнут». 9Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Фесӕф ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын ам уынаффӕ кӕныныл цы схӕцыд? Фӕлӕуу афтӕ, мах дын ныртӕккӕ, уыдонӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куынӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц. 10Фӕлӕ Лоты уазджытӕ ӕддӕмӕ сӕ къухтӕ радардтой, фӕмидӕг ӕй кодтой ӕмӕ дуар ахгӕдтой, 11къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уыдоны та кӕстӕрӕй, хистӕрӕй афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.
12Лотӕн йӕ уазджытӕ загътой: «Ам ма дын чи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй, ӕндӕрӕй дын сахары чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй, 13уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста». 14Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.
15Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут». 16Фӕлӕ Лот фӕстиат кодта, ӕмӕ йын лӕгтӕ йӕ къухыл рахӕцыдысты. Рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.
17Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!» 18Фӕлӕ Лот загъта: «Нӕ, Бардарӕг! 19Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн. 20Уартӕ уыцы чысыл сахар хӕстӕг у! Цӕй, уырдӕм алидзон! Чысыл у, ӕмӕ уым удӕгасӕй баззайдзынӕн». 21Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн. 22Батагъд кӕн уырдӕм ӕмӕ дзы дӕ сӕр бафснай. Цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мын ацы хъуыддагӕн райдайӕн нӕй». Уымӕ гӕсгӕ уыцы сахарӕн ис ӕхӕм ном — Цоар#19:22 Цоар — йӕ мыртӕм гӕсгӕ дзуттаг дзырд «къаннӕг»-ы ӕнгӕс..
23Хур куыддӕр скаст, афтӕ Лот дӕр бахӕццӕ ис Цоармӕ.
24Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон 25ӕмӕ бабын кодта сахартӕ ӕмӕ ӕгас дӕлвӕз ӕд цӕрджытӕ, зайӕгхал дӕр дзы нал баззади.
26Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.
27Авраам сӕумӕраджы бацыд, айфыццаг Дунедарӕджы раз кӕм лӕууыди, уыцы бынатмӕ. 28Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.
29Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
30Цоарӕй Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ ссыди хӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕндыди Цоары цӕрын. Ӕрбынат кодтой лӕгӕты. 31Иуахӕмы хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд базӕронд ис, ӕмӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ немӕ чи бацӕра, ацы ран иу ахӕм лӕг нӕй. 32Гъемӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм, сӕн ын бадарӕм ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм». 33Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ хистӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. 34Иннӕ бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон ӕз уыдтӕн нӕ фыдимӕ. Цӕй ӕмӕ та йын ахсӕв дӕр сӕн бадарӕм, ӕмӕ ды дӕр йемӕ фӕу. Афтӕмӕй нӕ фыды мыггаг сӕфын нӕ бауадздзыстӕм». 35Уыцы ӕхсӕв дӕр та сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ кӕстӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.
36Афтӕмӕй Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр банхъӕлцау сты сӕ фыдӕй. 37Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Моав. Уый у моавӕгты фыдӕл. 38Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми. Уый та у ныры аммонӕгты фыдӕл.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti