Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 18

18
1Мамрейы тулдзджыны цур Дунедарӕг ӕргом рацыд Аврааммӕ, ӕмбисбоны ӕнтӕфы йӕ цатыры къӕсӕры раз куы бадти, уӕд. 2Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис 3ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу. 4Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын. 5Уӕ цагъарӕн йӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын ӕз ӕрӕвӕрдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕхъуыртхъом уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз, куыд загътай, афтӕ бакӕн».
6Авраам цатырмӕ фӕтагъд кодта ӕмӕ Саррӕйӕн загъта: «Рӕвдздӕр хыссӕ азмӕнт ӕвзаргӕ ссады ӕртӕ мӕртӕй ӕмӕ донгӕндтӕ акӕн». 7Уыйфӕстӕ азгъордта рӕгъаумӕ, хӕрзхаст род равзӕрста, цагъармӕ йӕ радта, ӕмӕ йӕ уый уайтагъд ацӕттӕ кодта. 8Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.
9Уазджытӕ Авраамы бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ кӕм ис?» Уый сын загъта: «Ам ис, цатыры». 10Уазӕг загъта: «Ӕз дӕм ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ лӕууыди уазӕджы фӕстӕ, цатыры къӕсӕры раз, ӕмӕ сӕм уырдыгӕй хъуыста. 11Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы. 12Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у». 13Дунедарӕг Авраамӕн загъта: «Цӕмӕн бахудти Саррӕ? Цӕмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы, ацы зӕронд бадӕн ӕмӕ ма куыд ныййардзынӕн, зӕгъгӕ? 14Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». 15Саррӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ басасти: «Ӕз нӕ бахудтӕн». Фӕлӕ йын Уый загъта: «Нӕ, ды бахудтӕ».
16Уазджытӕ сыстадысты ӕмӕ уырдыгӕй ацыдысты Содомы ’рдӕм. Авраам сӕ фӕдыл рацыди, цӕмӕй сӕ афӕндараст кӕна. 17Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый Авраамӕй цӕмӕн бамбӕхсон! 18Авраамӕй рантысдзӕни нымӕцӕй бирӕ ӕмӕ хъомысджын адӕм. Авраамы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 19Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
20Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, сӕ тӕригъӕд уӕззау у. 21Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон ӕцӕг сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».
22Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз. 23Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ? 24Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй? 25Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?» 26Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй ныббардзынӕн уыцы бынатӕн». 27Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: 28дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы фондз хъуаг разындысты, зӕгъгӕ, уӕд уыцы фондзы аххосӕй ӕнӕхъӕн сахар бабын кӕндзынӕ?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 29Авраам та Йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ныр дзы дыууиссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дыууиссӕдзы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 30Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕлӕ ма, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 31Авраам та бафарста: «Мӕ ных ма, зӕгъын, куы батӕрин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: ныр дзы ссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Ссӕдзы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 32Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
33Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti