Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 16

16
1Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уыди йын унӕут, мысыраг, йӕ ном — Агар. 2Сарӕ загъта Аврамӕн: «Дунедарӕг мын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕмӕ уӕд та мӕ унӕутмӕ бацу, кӕд уый фӕрцы уӕддӕр схӕдзар уаин». Аврам сразы ис Сарӕимӕ. 3Сарӕ ӕрбакодта йӕ унӕуты, мысыраг Агары, ӕмӕ йӕ радта усӕн йӕ мой Аврамӕн. Хъуыддаг ӕрцыд, Аврам Ханааны зӕххыл куы ӕрцарди, уымӕй дӕс азы фӕстӕдӕр. 4Аврам ӕрӕмуат ис Агаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ, йӕ уавӕр куы федта, уӕд йе ’хсины ницӕмӕуал дардта. 5Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ды дӕ аххосджын ме ’фхӕрды. Дӕ хъӕбысы дын ӕй бакодтон, ӕмӕ, куы банхъӕлцау ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕн ницӕмӕуал дары. Гъемӕ дын Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг уӕд!» 6Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди.
7Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд 8ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын». 9Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс». 10Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕни». 11Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта:
«Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ,
гъеныр лӕппу ныййардзынӕ.
Сӕвӕр-иу ыл Измаел —
Дунедарӕг фехъуыста,
фехъуыста дӕ дзыназын#16:11Измаел рагон дзуттаг ӕвзагыл амоны «Хуыцау хъусы»..
12Дӕ лӕппу, хъӕддаг хӕрӕгау,
алкӕмӕ лӕбурдзӕни,
йе ’мтуг адӕмтимӕ нӕ фидаудзӕн».
13Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы». 14Уымӕ гӕсгӕ ацы цъай хонынц «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ’хсӕн.
15-16Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаел. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti