Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 14

14
1Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал 2хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Шинавы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзахы ныхмӕ хӕцынмӕ. 3Адон та се ’фсӕдты уымӕй размӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодтой Сидимы дӕлвӕзы, ныр Мард денджыз кӕм ис, уым. 4Дыууадӕс азы дӕргъы уыдысты Кедорлаомеры ӕфсондзы бын, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз йӕ ныхмӕ растадысты. 5Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы, 6хорӕгты та — Сеиры хӕхбӕсты, фӕсырдтой сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕронмӕ, Ел-Параны сахары онг. 7Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.
8Уӕд рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмайы паддзах, Цевоимы паддзах ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзах ӕмӕ Сидимы дӕлвӕзы схӕцыдысты 9Еламы паддзах Кедорлаомер, Гоимы паддзах Тидал, Шинары паддзах Амрафел ӕмӕ Елласары паддзах Ариохимӕ — цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ. 10Шидимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудысты уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты хӕхтӕм. 11Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты. 12Уацары акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.
13Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ. 14Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдоны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ. 15Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг. 16Аврам фӕстӕмӕ байста ӕппӕт исбон, ракодта йӕ хион Лоты дӕр ӕд исбон, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ уацайрӕгты.
17Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕхты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы (ома Паддзахы дӕлвӕзы) йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах. 18Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн 19ӕмӕ загъта:
«Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй,
арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!
20Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау,
де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!»
Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.
21Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз». 22Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз: 23дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ. 24Мӕн ницы хъӕуы. Ӕрмӕст, мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз ис, уый мын бафид ӕмӕ, мӕ фарсмӕ чи хӕцыди, уыдонӕн, Анер, Ешкол ӕмӕ Мамрейӕн, цы хай ӕмбӕлы, уый ратт».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti