Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 13

13
1Аврам Мысырӕй фӕстӕмӕ сыздӕхти Негевы ӕдзӕрӕг быдырмӕ — ӕд ус, ӕд исбон, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй. 2Тынг хъӕздыг уыд Аврам фосӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ сыгъзӕринӕй. 3Негевӕй араст ис дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ ис Вефилмӕ, раздӕр ын Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн цатыр кӕм уыди, 4Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта ӕмӕ Йын Йӕ ном кӕм ссардта, уыцы бынатмӕ.
5Аврамимӕ цӕугӕцард чи кодта, уыцы Лотмӕ дӕр уыди лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, стӕй цатыртӕ. 6Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг ис. 7Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр. 8Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм. 9Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуарӕм. Ды галиуӕрдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизӕрдӕм. Намӕ ды аздӕх рахизӕрдӕм, ӕз та — галиуӕрдӕм». 10Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта. 11Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ. 12Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл, Лот та ныццыди дӕлвӕзы сахарты ’рдӕм. Йӕ цатыртӕ айтыгъта Содомы раз. 13Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.
14Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл. 15Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн. 16Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн. 17Цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕттын, ууыл, йӕ дӕргъ ӕмӕ йын йӕ уӕрх фен».
18Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti