Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 12

12
1Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм. 2Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый. 3Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
4Аврам бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. Аврамӕн, Харан куы ныууагъта, уӕд йӕ фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы йӕхи фесты. 5Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты. 6Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты, 7фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн. 8Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном. 9Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарӕрдӕм адардта.
10Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста. 11Мысырмӕ куы баввахс ис, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу. 12Мысырӕгтӕ дӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты: „Ай йӕ ус у“, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».
14Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысырӕгтӕ федтой, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый. 15Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕлыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. 16Аврамы хъуыддаг хорз ацыди йӕ усы фӕрцы — ӕрбафтыд ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. 17Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронтимӕ. 18Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай? 19Цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Ӕз ӕй уый тыххӕй куы ракуырдтон. Акӕн ныр дӕ усы дӕр ӕмӕ ацу!» 20Фараон йӕ адӕмӕн бардзырд радта, ӕмӕ Аврамы арвыстой, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыимӕ.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti