Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 11

11
1Ӕппӕт дунейы адӕм дзырдтой иу ӕвзагыл, пайда кодтой уыцы иу дзырдтӕй. 2Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты. 3Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуыридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой писийӕ. 4Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».
5Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ. 6Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыддӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис. 7Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой». 8Ӕмӕ сӕ Дунедарӕг уырдыгӕй, сӕ сахар кӕронмӕ арӕзт нӕ фӕцис, афтӕмӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл. 9Уымӕ гӕсгӕ ацы сахар хонынц Вавилон. Дунедарӕг уым схӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.
10Мӕнӕ Симы хӕдзарвӕндаг. Симыл фондзыссӕдз азы куы цыд, уый та уыди доныхъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕдӕр, уӕд ын райгуырд Арфахсад. 11Арфахсады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцарди фондзсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
12Арфахсадыл фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Шелах. 13Шелахы райгуырды фӕстӕ ма Арфахсад фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
14Шелахыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Евер. 15Евер ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Шелах фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
16Еверыл цыппӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Пелег. 17Пелег ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Евер фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
18Пелегыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Рагав. 19Рагав ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Пелег фӕцарди дыууӕсӕдӕ фараст азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
20Рагавыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Серух. 21Серух ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Рагав фӕцарди дыууӕсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
22Серухыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Нахор. 23Нахор ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Серух фӕцарди дыууӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
24Нахорыл фараст ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Терах. 25Терах ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Нахор фӕцарди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
26Терахыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран.
27Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот. 28Аран амарди йӕ райгуырӕн зӕххыл, халдейаг Уры. Йӕ фыд Терах ма уӕд ӕгас уыд. 29Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Милка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ. 30Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.
31Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты. 32Терах амарди Хараны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕмӕй.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti