Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 10

10
1Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзарвӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.
2Йафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас. 3Гомеры фырттӕ: Ашкеназ, Рифат, Тогарма. 4Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, доданӕгтӕ. 5Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ.
Гъе адон сты Йафеты байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон се ’ппӕт дӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
6Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан.
7Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 8Кушӕй ма райгуырди Нимрод, зӕххыл фыццаг бӕгъатыр. 9Дунедарӕджы раз уыди ӕрдхӕрӕны цуанон. Уымӕн фӕзӕгъынц, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у Дунедарӕджы раз, зӕгъгӕ. 10Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл. 11Уыцы зӕххӕй ацыди Ассиримӕ, ӕмӕ уым сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах, 12ноджы ма Ресен, Ниневийӕ Калахы ’хсӕн. Калах зындгонд сахар у.
13Мицраимӕй рацыдысты: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ, 14патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.
15Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет, 16ноджы ма — йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, 17хиввӕгтӕ, аркӕгтӕ, синӕгтӕ, 18арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Фӕстӕдӕр ханаанаг мыггӕгтӕ ахӕлиу сты алы рӕтты: 19сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг. 20Адон — Хамы байзӕддӕгтӕ. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
21Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддӕгты фыдӕл, Йафеты хистӕр ӕфсымӕр. 22Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
23Арамы байзӕддӕгтӕ: Уц, Хул, Гетер, Маш.
24Арфахсадӕн райгуырди Шелах, Шелахӕн райгуырд Евер. 25Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег. Ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы уӕрст кӕй ӕрцыди, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йоктан. 26Йоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йарах, 27Хадорам, Узал, Дикла, 28Овал, Авимаел, Сава, 29Офир, Хавила, Йовав. Адон иууылдӕр уыдысты Йоктаны байзӕддӕгтӕ. 30Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг. 31Адон сты Симы байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон иууылдӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыд йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
32Ӕппӕт ацы нӕмттӕй хуыдтой, Нойы фырттӕ ӕмӕ сӕ байзӕддагӕй зӕххыл доныхъаймӕты фӕстӕ чи ахӕлиу ис, уыдонӕй рацӕугӕ знӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti