1
Лука 13:24
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.
Vergelijk
Ontdek Лука 13:24
2
Лука 13:11-12
Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уый афтӕ ныкъкъӕдзтӕ ис, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыди. Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй суӕгъд дӕ».
Ontdek Лука 13:11-12
3
Лука 13:13
Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.
Ontdek Лука 13:13
4
Лука 13:30
Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та — фӕстӕгтӕ».
Ontdek Лука 13:30
5
Лука 13:25
Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.
Ontdek Лука 13:25
6
Лука 13:5
Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Ontdek Лука 13:5
7
Лука 13:27
Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Иууылдӕр уӕхи айсут Мӕ разӕй, тӕригъӕдджынтӕ!“
Ontdek Лука 13:27
8
Лука 13:18-19
Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон? Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Тау суагъта нӕмыг, сбӕлас ис, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл ахстӕттӕ скодтой».
Ontdek Лука 13:18-19
Thuisscherm
Bijbel
Leesplannen
Video's