1
Райдиан 25:23
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».
နှိုင်းယှဉ်
Райдиан 25:23ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
2
Райдиан 25:30
ӕмӕ Йаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй-ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом».
Райдиан 25:30ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
3
Райдиан 25:21
Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.
Райдиан 25:21ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
4
Райдиан 25:32-33
Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ цӕмӕн хъӕуы уыцы хистӕрад?» Йаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Йаковӕн ауӕй кодта йӕ хистӕрад.
Райдиан 25:32-33ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
5
Райдиан 25:26
Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Райдиан 25:26ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
6
Райдиан 25:28
Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарзта Исавы. Ревеккӕ та уарзта Йаковы.
Райдиан 25:28ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
ပင်မစာမျက်နှာ
သမ္မာကျမ်းစာ
အစီအစဉ်များ
ဗီဒီယိုများ