1
Матфей 19:26
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».
Bera saman
Njòttu Матфей 19:26
2
Матфей 19:6
Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».
Njòttu Матфей 19:6
3
Матфей 19:4-5
Йесо сын дзуапп радта: «Ау, Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста“, уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви? Ӕмӕ Сфӕлдисӕг загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ цӕрӕнбонты нал фӕхицӕн уыдзысты“.
Njòttu Матфей 19:4-5
4
Матфей 19:14
Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад, сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у».
Njòttu Матфей 19:14
5
Матфей 19:30
Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ.
Njòttu Матфей 19:30
6
Матфей 19:29
Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.
Njòttu Матфей 19:29
7
Матфей 19:21
Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Njòttu Матфей 19:21
8
Матфей 19:17
Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».
Njòttu Матфей 19:17
9
Матфей 19:24
Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».
Njòttu Матфей 19:24
10
Матфей 19:9
Фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр усы чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. [Йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаджы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны]».
Njòttu Матфей 19:9
11
Матфей 19:23
Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын.
Njòttu Матфей 19:23
Heim
Biblía
Áætlanir
Myndbönd