1
Матфей 18:20
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».
Bera saman
Njòttu Матфей 18:20
2
Матфей 18:19
Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.
Njòttu Матфей 18:19
3
Матфей 18:2-3
Йесо фӕдзырдта сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта сӕ разы ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, куынӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куынӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
Njòttu Матфей 18:2-3
4
Матфей 18:4
Йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийау чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады.
Njòttu Матфей 18:4
5
Матфей 18:5
Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕн тыххӕй ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд.
Njòttu Матфей 18:5
6
Матфей 18:18
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттат, уымӕн уӕларвы дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттат, уымӕн та уӕларвы дӕр рардӕуыдзӕн бар.
Njòttu Матфей 18:18
7
Матфей 18:35
Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куынӕ ныббара, уӕд».
Njòttu Матфей 18:35
8
Матфей 18:6
Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы арфмӕ куы ныппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
Njòttu Матфей 18:6
9
Матфей 18:12
Куыд уӕм кӕсы, фондзыссӕдз фысы кӕмӕ ис, уымӕн дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уа, уӕд йе нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн?
Njòttu Матфей 18:12
Heim
Biblía
Áætlanir
Myndbönd