1
Софониа 3:17
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.
Usporedi
Istraži Софониа 3:17
2
Софониа 3:20
Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.
Istraži Софониа 3:20
3
Софониа 3:15
Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!
Istraži Софониа 3:15
4
Софониа 3:19
Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.
Istraži Софониа 3:19
Početna
Biblija
Planovi
Filmići