Матфей 2
2
Стъалыдӕснытӕ бакуывтой Йесомӕ
1Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:#Лк 2:6. 2«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
3Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр. 4Уӕд иудейаг алчертӕ ӕмӕ динамонджыты иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ фарста: «Чырысти кӕм хъуамӕ райгуыра?» 5Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ пехуымпармӕ афтӕ фыст ис:
6„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх,
сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг,
Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, —
дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг,
Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».#Мих 5:2; Ин 7:42.
7Уӕд Ирод сусӕгӕй стъалыдӕснытӕм фӕсидти, цӕмӕй стъалыйӕн йӕ фӕзынды афон сбӕлвырд кӕна. 8Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ Сывӕллоны тыххӕй бӕлвырд базонут. Куы Йӕ ссарат, уӕд мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон». 9Уыдон, паддзах сын цы зӕгъинаг уыд, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, цалынмӕ, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыди, уӕдмӕ. 10Стъалы ӕрлӕугӕ куы бафиппайдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди. 11Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ#2:11 Смирнӕ — ома «миррӕ»; хӕрздӕфгӕнӕг чъиу, Аравийы цы зайӕгой задис, ууыл.. 12Фыны сын, Иродмӕ мауал раздӕхут, зӕгъгӕ, фӕдзӕхст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕстӕм аздӕхтысты ӕндӕр фӕндагыл.
13Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын». 14Йосиф сыстад ӕмӕ ӕхсӕвы Сывӕллон ӕмӕ Йӕ мадимӕ ацыди Мысырмӕ. 15Уым фӕцис Ироды амӕлӕтмӕ.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый: «Ӕз Мысырмӕ фӕсидтӕн Мӕ Фыртмӕ».#Ос 11:1.
Сывӕллӕтты ныццӕгъдыны бардзырд
16Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.
17Уӕд сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиа цы загъта, уый: 18«Рамайӕ хъуысы ӕрдиаг, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг, — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы ӕмӕ йын басабыры амал нӕй, уымӕн ӕмӕ йын нал сты».#Йер 31:15.
Йосиф ӕрыздӕхти Назаретмӕ
19Ироды амӕлӕты фӕстӕ Йосифмӕ Мысыры Хуыцауы зӕд раргом ис фыны 20ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ — Сывӕллоны марынвӕнд чи кодта, уыдон удӕгас нал сты». 21Йосиф сыстади, ракодта Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ӕрцыд Израилы зӕхмӕ. 22Фӕлӕ, Иудейы йӕ фыд Ироды бӕсты паддзахиуӕг йӕ фырт Архелай кӕны, уый куы фехъуыста, уӕд уырдӕм нал бауӕндыди. Фыны йын куыд загъдӕуыдис, афтӕ Галилейы зӕхмӕ йӕхи айста. 23Ӕрцыдис уырдӕм ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпартӕ цы загътой, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».
Currently Selected:
Матфей 2: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022