YouVersion Logo
Search Icon

Малахиа 4

4
1Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ. 2Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут. 3Ӕнӕхуыцӕутты бассӕнддзыстут, ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыг фестдзысты, Ӕз кӕй снысан кодтон, уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
4Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
5Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы. 6Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in