Софониа 2
2
1О ӕдзӕсгом адӕм! Тыхстызмӕлд кӕнут,
2цалынмӕ, Дунедарӕг цы снысан кодта,
уый нӕма сӕххӕст,
бонтӕ, дымгӕ зыгуым куыд ныффӕйлауы,
афтӕ нӕ атахтысты,
цалынмӕ уӕ Дунедарӕг
Йӕ масты пиллон артӕй нӕ басыгъта
ӕмӕ уӕ Йӕ азар нӕ баййӕфта, уӕдмӕ.
3Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры
ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны —
агурут Дунедарӕджы!
Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут
ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон
фыдбылызӕй хызт уаиккат.
4Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн,
Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн,
ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй,
быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.
5Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ!
О Ханаан, филистимӕгты зӕхх!
Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон:
«Фесафдзынӕн дӕ,
иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!
6Денджызбыл бӕстӕ фыййӕутты фосдон,
лыстӕг фосы хизӕнуат фестдзӕн,
7Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза,
уыдоны хай бауыдзӕн;
сӕ фос хиздзысты уым,
Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты,
уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн,
уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».
8Ӕз федтон: моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ
Мӕ адӕмӕй хъазыдысты,
сӕхи сыл худӕгӕй хастой
ӕмӕ сын сӕ зӕхмӕ ӕртхъирӕн кодтой.
9Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау,
сомы кӕнын Мӕхицӕй!
Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ
Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты!
Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты,
гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты,
ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ!
Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза,
уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты,
уыдоны исбон бауыдзысты.
10Ахӕм ӕфхӕрд баййафдзысты,
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы адӕмӕй
хынджылӕг кӕй кодтой ӕмӕ сӕм ӕнӕввӕрсонӕй
кӕй кастысты, уый тыххӕй.
11Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна,
уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн,
ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр
адӕмтӕ кувдзысты.
12Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр
Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!
13Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн
ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн,
Ниневийы сахар дурты кӕри,
ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
14Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ
дзы ривӕд кӕндзысты.
Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты
уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты,
рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни;
хъайвантыл халӕттӕ баддзысты,
тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.
15Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди,
ацы сахар уый у?
Йӕхинымӕр-иу дзырдта,
мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ,
фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри
ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад.
Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн
ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.
Currently Selected:
Софониа 2: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Софониа 2
2
1О ӕдзӕсгом адӕм! Тыхстызмӕлд кӕнут,
2цалынмӕ, Дунедарӕг цы снысан кодта,
уый нӕма сӕххӕст,
бонтӕ, дымгӕ зыгуым куыд ныффӕйлауы,
афтӕ нӕ атахтысты,
цалынмӕ уӕ Дунедарӕг
Йӕ масты пиллон артӕй нӕ басыгъта
ӕмӕ уӕ Йӕ азар нӕ баййӕфта, уӕдмӕ.
3Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры
ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны —
агурут Дунедарӕджы!
Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут
ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон
фыдбылызӕй хызт уаиккат.
4Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн,
Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн,
ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй,
быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.
5Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ!
О Ханаан, филистимӕгты зӕхх!
Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон:
«Фесафдзынӕн дӕ,
иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!
6Денджызбыл бӕстӕ фыййӕутты фосдон,
лыстӕг фосы хизӕнуат фестдзӕн,
7Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза,
уыдоны хай бауыдзӕн;
сӕ фос хиздзысты уым,
Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты,
уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн,
уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».
8Ӕз федтон: моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ
Мӕ адӕмӕй хъазыдысты,
сӕхи сыл худӕгӕй хастой
ӕмӕ сын сӕ зӕхмӕ ӕртхъирӕн кодтой.
9Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау,
сомы кӕнын Мӕхицӕй!
Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ
Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты!
Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты,
гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты,
ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ!
Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза,
уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты,
уыдоны исбон бауыдзысты.
10Ахӕм ӕфхӕрд баййафдзысты,
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы адӕмӕй
хынджылӕг кӕй кодтой ӕмӕ сӕм ӕнӕввӕрсонӕй
кӕй кастысты, уый тыххӕй.
11Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна,
уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн,
ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр
адӕмтӕ кувдзысты.
12Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр
Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!
13Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн
ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн,
Ниневийы сахар дурты кӕри,
ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
14Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ
дзы ривӕд кӕндзысты.
Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты
уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты,
рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни;
хъайвантыл халӕттӕ баддзысты,
тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.
15Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди,
ацы сахар уый у?
Йӕхинымӕр-иу дзырдта,
мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ,
фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри
ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад.
Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн
ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.
Currently Selected:
:
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.