Михей 7
7
1Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл. 2Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары. 3Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд. 4Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.
5Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн. 6Уымӕн ӕмӕ фырт худинаг кӕны йӕ фыды, чызг ралӕууы йӕ мады ныхмӕ, чындз — йе ’фсины ныхмӕ: адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ йе знӕгтӕ суыдзысты. 7Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.
8Ме знаг, райгондӕй мӕм ма кӕс! Кӕд ахаудтӕн, уӕддӕр та сыстдзынӕн, кӕд мӕ алыварс баталынг ис, уӕддӕр Дунедарӕг у мӕ рухс. 9Ӕз Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын дӕн, ӕмӕ Йын уымӕ гӕсгӕ фӕраздзынӕн Йӕ мастӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг равзара ӕмӕ мын тӕрхон рахӕсса, уӕдмӕ. Уый мӕ ракӕндзӕни рухсмӕ, ӕмӕ Йын фендзынӕн Йӕ рӕстдзинад. 10Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.
11Дӕ систӕ амайыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ уыдзӕн, дӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзынӕ. 12Уыцы бон дӕм дунейы алы кӕрӕттӕй адӕм цӕудзысты: Ассирийӕ — Мысыры сахарты онг, Мысырӕй — Евфраты онг, иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ, хохӕй хохмӕ. 13Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.
14Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!
15— Мысырӕй куы рацыдтӕ, уыцы заман куыд уыд, афтӕ та дын фенын кӕндзынӕн Мӕ диссӕгтӕ.
16Адӕмтӕ уый куы феной, уӕд, цыфӕнды хъомысджын куы уой, уӕд дӕр къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты; сӕ дзыхтӕ ахгӕндзысты къухӕй, сӕ хъустӕ бакъуырма уыдзысты. 17Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау, ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй. 18Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у. 19Ныббардзӕн та нын, ссыгъдӕг нын кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, денджызы арфмӕ сӕ нывзилдзӕни. 20Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.
Currently Selected:
Михей 7: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.