YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 3

3
1Уыцы рӕстӕг фӕзындис Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры хъусын кодта: 2«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
3Иоанн уыди, пехуымпар Исайа рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“». 4Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг. 5Йерусалим ӕмӕ ӕгас Иудей, Иорданы алфамбылай цӕрджытӕ йӕм иууылдӕр цыдысты, 6ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
7Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут? 8Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут. 9Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын. 10Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц. 11Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. 12Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».
13Уыцы рӕстӕг Йесо Галилейӕ ӕрцыдис Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн донӕй саргъауа. 14Иоанн Ӕй урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Уый Ды хъуамӕ саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?» 15Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис. 16Аргъуыды фӕстӕ, Йесо донӕй куыд рахызти, афтӕ Йӕ сӕрмӕ арвы дуар фегом ис, ӕмӕ федта: Хуыцауы Уд бӕлоны хуызы ӕрцӕуы ӕмӕ Йӕм ӕрбахӕстӕг кӕны. 17Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».

Currently Selected:

Матфей 3: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in