YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 18

18
1Уыцы рӕстӕг ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи у?» 2Йесо фӕдзырдта сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта сӕ разы 3ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, куынӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куынӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. 4Йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийау чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады. 5Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕн тыххӕй ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд.
6Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы арфмӕ куы ныппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
7Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.
8Дӕ къух кӕнӕ дӕ къах дӕ кӕд рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау ӕд къах, ӕд къух ӕнӕхуысгӕ арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.
9Дӕ цӕст дӕ рӕдийын кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.
10Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
11[Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.]
12Куыд уӕм кӕсы, фондзыссӕдз фысы кӕмӕ ис, уымӕн дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уа, уӕд йе нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн?
13Ӕцӕг уын зӕгъын, куы йӕ ссара, уӕд, чи йын нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн.
14Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, ацы кӕстӕртӕй иу дӕр фесӕфа, уый.
15Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де ’фсымӕры.
16Куынӕ дӕм байхъуса, уӕд демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, уымӕн ӕмӕ „алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа“.
17Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс.
18Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттат, уымӕн уӕларвы дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттат, уымӕн та уӕларвы дӕр рардӕуыдзӕн бар.
19Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй. 20Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».
21Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?»
22Йесо йын загъта: «Авд хатты онг нӕ, фӕлӕ авд ӕвдай хатты онг.
23Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цы дары, уый банымайын чи сфӕнд кодта, уыцы паддзахы хуызӕн. 24Нымайынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ӕм ӕрбакодтой, дӕс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы.
25Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.
26Уӕд уыцы цагъар йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын дзырдта: „Бабыхс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ӕххӕстӕй бафиддзынӕн“.
27Паддзах ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ ауагъта, йӕ хӕс дӕр ын ныббарста.
28Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз#18:28 Динар — ӕвзист ӕхца Ромы, йӕ уӕз — 4, 35 г. динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.
29Уӕд йе ’мбал йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ратдзынӕн“.
30Фӕлӕ уый не сразы ис ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
31Уый йе ’мбӕлттӕн тынг фӕхъыг ис. Бацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын хабар радзырдтой.
32Уӕд ӕм паддзах фӕсидти ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй ныббарстон. 33Уӕд дӕуӕн, ӕз дын куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ не ’мбӕлди де ’мбалӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“
34Паддзах тынг смӕсты ис ӕмӕ йӕ хъизӕмарӕй марын кодта, цалынмӕ йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
35Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куынӕ ныббара, уӕд».

Currently Selected:

Матфей 18: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in